Реком

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Реком — хорæрзад æмæ хосарæхы бардуаг, Цæразонты мыггагыл аудæг дзуæрттæй иу ирон мифологийы. Афтæ нымадтой, зæгъгæ, Реком дæтты бирæ хор, бирæ фос, бирæ хос, фосы хизы низтæй, цуаноны кæны фæндараст, адæмы хъахъхъæны фыдбылызхæссæг тыхтæй æмæ алыхуызон низтæй, ома, Реком у, бирæвæрсыг æххуысты хъомыс кæмæ ис, ахæм дзуар. Рекомы сæйраг кувæндон (дзуар) ис Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы.

Реком ирон мифологийы æмæ уырнынæдты[ивын | Бындур ивын]

Кувæндон Цъæйы комы, равзæрд, Стыр Хуыцау Нарты Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй. Рекомы Уастырджи дæр. Реком у Ирыстоны æмбал камæн нæй, Иры ахæм кувæндон-агъуыст. Йæ бæрæгбон вæййы алы аз дæр июлы æмæ ахæссы иннабонæй-иннабонмæ (сабатæй-сабатмæ). Дзуарæн нывондæн æрхæссынц бирæ фос (галтæ æмæ нæл фыстæ), скæнынц стыр куывдтæ, æрцæуы сæм тынг бирæ адæм, уыимæ æрмæстдæр нæлгоймаг дзыллæ, уымæн æмæ Реком нымад цæуы Уастырджийы дзуары «артдзæстыл» — центрыл.

Фæстæдæр Рекомы кувæндæттæ фæзынд Цæгат Ирыстоны — Хохы Санибайы, Цымытийы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы; Хуссар ИрыстоныЕрманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы. Рекомы бæрæгбон кæнынц алы рæстæджыты. Ахуыргонд Цыбырты Людвиг фыссы:

«

Рекомы кувæндон рагон замантæй фæстæмæ тынг зындгонд кæй уыдис æппæт Ирыстоны, ууыл дзурынц, кувæндоны дзæнгæрджытæй иуы цы рагон фыстытæ ис, уыдон дæр, — Фыстытæм гæсгæ, уый нымад цæуы Дыгуры æмæ æппæт Туалты кувæндоныл, æнæхъæн ирон зæххы сыгъдæг æмæ табуйаг бынатыл. Рекомы кувæндоны цур археологтæ ссардтой таурæгъон Ос-Бæгъатыры фат, згъæр худ, алыхуызон хæстон цырæгътæ, зды нæмгуытæ. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дзаумæттæм гæсгæ Рекомы Уастырджи у ирæтты хæстон бардуаг.

»

Йæ кувæндоны бынмæ сылгоймаг нæ цыд.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. — Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 ф.
  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. — Владикавказ, 1994 – 284 с.