Хуыцауы дзуар
Внешний вид
Хуыцауы дзуар — къайадыл аудæг æмæ сылгоймæгтæн цот кæныны хъомысдæттæг бардуаг.
Хæхбæсты Иры ’хсæн кадджын уыдис. Раздæр, стæмæй фæстæмæ, алы хъæуы дæр Хуыцауы дзуары номыл уыдис сæрмагонд кувæндон. Алы аз дæр октябыры мæйы кæрон йæ кувæндæтты кодтой куывдтæ. Уыцы бон-иу афæдзы дæргъы сывæллон цы бинонтæн райгуырд, кæнæ-иу сæ чызджы моймæ чи радта, уыдон дзуары номыл æргæвстой уæрыкк кæнæ нæл фыс æмæ-иу дзуарæй куырдтой, цæмæй сын сæ сылгоймæгты æнæнизæй уадза, æмæ сæ бон бауа нæлгоймаг цот фæфылдæр кæнын.
Хуыцауы дзуары бæрæгбон нымад уыдис хъæугуывдыл æмæ йæм, уыцы хъæубæстæй алидзæг адæмæй фæстæмæ, æцæгæлон адæм нæ уагътой.