Тæтæртуппы дзуар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тæтæртуппы дзуар кæнæ Тæтæртупп – фæзбæсты Ир æмæ Кæсæгыл хæрзаудæг дзуар, уыимæ æппæт иры дзыллæ табу æмæ стыр кад кæмæн кæнынц, уыцы аграрон бардуаг. Ис ын йæхи сæрмагонд кувæндон – рагон дзылат (Дзылаты мæсыг) – Зæрин Ордайы дуджы цыртдзæвæн.

Ирон адæмы хъуыдымæ гæсгæ, Тæтæртуппы дзуар бæркад тыллæг сисынæн ахъаз кодта æрмæст фæзбæсты Иры нæ, фæлæ, хоры кадавар тынгдæр кæм уыдис, уым дæр Иры хæхбæсты. Ацы бæлвырд хъуыддаджы Тæтæртупп, хæхбæсты ир табу цы аграрон дзуæрттæн кодтой (Уацилла, Хохы дзуар), уыдонæй хъомысджындæр разындис. Тæтæртуппы дзуар æрмæст хорæрзад баст нæ уыдис, фæлæ фосы зæйц, сæ бахъахъхъæнын, стæй адæмы бахизын алыхуызон низтæй æмæ фыдбылызтæй дæр уымæй аразгæ уыдысты.

Тæтæртуппы дзуары бæрæгбон кодтой фæззæджы, хъæууонхæдзарадон куыстытæ-иу куы фесты, уæд. Йæ кувæндоны æргæвстой, Елхоты хъæубæстæ-иу æхсæны мысайнæгтæй цы кусæрттаг – уæныг балхæдтой, стæй-иу сыхаг хъæуты цæрджытæ цы нæл фыстæ æрбаластой, уыдон. Кодтой стыр куывдтæ, уыдис-иу дзы бирæ адæм. Арфæ кодтой Тæтæртуппæн, бæркад хорæрзад кæй радта, фосы кæй бахъахъхъæдта, стæй йæ иннæ хорзæхты тыххæй. Кæд æмæ-иу хус аз скодта кæнæ-иу фос алыхуызон низтæй цагъды кодтой, уæд-иу кувæг адæм дзуарæй куырдтой, цæмæй сæ фидæны ахæм фыдбылызтæй æмæ æндæр бæллæхтæй бахиза. Раздæр заманты Тæтæртуппы бæрæгбон кодтой сæрды, фæлæ йæ фæстæдæр кæнын байдыдтой хъæууонхæдзарадон куыстыты фæстæ[1].

Нарты кадджытæ[ивын | Бындур ивын]

Нарты кадджыты Тæтæртупп у зæд, йæ бадæн бынат Æрджынарæджы. Ацæмæзæн Агуындæйы хæссынмæ куы бацыдысты, уæд Нартæ æмæ зæдтæ — чындзхæсджытæ сæ фæндаг Æрджынарæгыл ракодтой æмæ йæ Елиа хоны: «Нæ къорды хистæр, Хуыцауы уарзон». Тæтæртупп у урссæр зæд[2].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.
  2. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.