Елда

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

ЕлдаУырызмæджы фыццаг ус. Уырызмæг йæ лæджы бынатмæ куы бахæццæ ис, уæд ракуырдта Алæгаты рæсугъд Елдайы, фæлæ сæ Сатана цæрын нæ бауагъта. Мой кæныны афон ын куы æрцыди, уæд зæдты æхсæн дæр Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ардта. Æмæ йæ мæнгардæй йæхирдыгæй фæкодта. Уырызмæг æмæ Сатана æхсæвы сæ уаты дыууæйæ куы баззадысты, уæд ма Елда дуæрттæ хоста, рауай-бауай кодта, æмæ йын дуар куынæ кодтой, уæд мæстæй фæзæрдæдзæф — амард.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — Владикавказ: ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2015. – 599 с.