Перейти к содержанию

Википеди:Бæрн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
ВИКИПЕДИ ЙÆ БÆЛВЫРДДЗИНАДÆЙ АРД НÆ ХÆРЫ

Википеди у онлайн, гом, æнгомæй аразгæ энциклопеди. Проекты куыст ахæм у, æмæ чифæнды дæр, интернетмæ бахизæн кæмæн ис, йæ бон у ам исты ива. Дæ хорзæхæй, дæ зæрдыл дар уый, æмæ ам цы ссарай, уый, гæнæн ис, эксперттæ нæ ныффыстой.

Ай нæ нысан кæны, æмæ ды Википедийы бæлвырд информаци не ссардзынæ. Бирæ архайджытæ зилынц, цæмæй йæ æрммæг бæлвырд уа, æмæ рæстæгæй рæстæгмæ бæлвырд информаци фылдæр кæндзæн. Фæлæ уæддæр, Википеди йæ æрмæджы бæлвырддзинадæй ард нæ хæры. Уый йеддæмæ, цыфæнды уац дæр, гæнæн ис, зианхæссæг архайæгæй ивд æрцæуа, æмæ йæ цалынмæ æндæр архайæг ма рацараза, уæдмæ уац æвзæр уагы æвдыст цæудзæн. Æндæр энциклопедитæн дæр сæ фылдæрæн ай хуызæн бæрнисæн ис.

Википедийы æрмæг мæнг куы разына, æмæ дзы ды уый тыххæй исты хуызы куы фæ æфхæрд уай, уæд уый бæрн нæдæр Википидийы архайджытыл ис, нæдæр йæ спонсортыл æмæ нæдæр Википедиимæ искуыд баст чи у, ахæмтыл.