Кæрдæгхæссæн
Внешний вид
Кæрдæгхæссæн бæрæг кæнынц Куадзæнæй мæй куы рацæуы, уæд. Адæм-иу тынг цæттæ кодтой сæхи ацы бæрæгбонмæ. Рагацау-иу сцæттæ кодтой хор-цæхсадтой, бахус-иу æй кодтой æмæ дзы-иу сарæзтой чъиритæ. Хъæуы цæрджытæ-иу сæ кувинæгтимæ ацыдысты быдырмæ, фылдæр-иу кодтой цæхæраджынтæ. Куывтой-иу, цæмæй фос æфсæст уой.
Кодтой-иу иу стыр гуыдын дæр. Арæзт-иу уыд цыдæриддæр хæрынмæ бæззы, ахæм кæрдæджытæй. Уымæй-иу хъуамæ алы бинойнаг дæр бахордтаид, фæлæ дзы æцæгæлонæн хæрын нæ фæччыди. Быдырæй-иу фæстæмæ куы æрбацыдысты, уæд-иу исты кæрдæджытæ æмæ дидинджытæ æрбахастой æмæ-иу сæ хæдзары къуымты ныххæлиу кодтой.