Быценон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Быценон
Æрд сылгоймаг
Династи Быцентæ
Мой Хæмыц
Сывæллæттæ Батырадз

Быценон у Хæмыцы ус, æмæ æндонриу Батрадзы мад.

Хæмыц æм Нарты хæрзæджытимæ курынмæ куы ныццыд, уæд сæ Быцентæ хорз федтой, стæй, Сослан къухылхæцæг уыд æмæ иу афон бар ракуырдта, мæ хойы фенон, зæгъгæ. Рацыдис уатмæ. Уым амæй-ай рæсугъддæр чызджытæ рæнхъ лæууынц. Арфæ сын ракодта Сослан, стæй сæ фæрсы: «Адонæй мæ хо кæцы у?», — зæгъгæ. «Мæнæ дæ чындз», — зæгъгæ, йæм гобæтты æхсæнæй хæфс куы фелвæстой, уæд сын исдуг хъазын æнхъæл уыд, фæлæ йæ куы баууæндын кодтой, сæ чындзыл æцæгдæр хæфсы цъар ис, ууыл, уæд æддæмæ рауади æмæ йе ‘мбæлттæм хъæрæй дзуры: «Хæмыц нырмæ дæр æнæ усæй уымæн баззади, æмæ хынджылæггаг уыди, ныр Нарты хæрзæджыты дæр фæхудинаг кодта. Алчи уæ йæ бæхыл сбадæд, æмæ цом нæ хæдзæрттæм.»

Быцентæ бавдæлдысты æмæ Хæмыцæн йæ саргъы къуыдырæй æфтаугæты ’хсæн сæвæрдтой уыцы хæфс, æмæ афтæмæй æнкъардæй рараст кодта уый дæр сæхимæ. Йæ бæх куы бафснайдта, уæд йæ саргъ сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй агъуыстмæ бахаста, къуыммæ йæ баппæрста æмæ мæстæлгъæдæй йæ сынтæджы бафæлдæхт. Хæмыц куы афынæй, уæд хæфс саргъæй ралæст æмæ фестадис чызг — арвы рухс, зæххы фидауц, ахæм чызг: йæ дзыккутæ йæ уæхсчытыл æрпырх сты æмæ фадхъултæм хæццæ кодтой; сæ рухсæй агъуыст ныррухс ис, цыма йæ царыл хур февзæрд, уыйау. Хæмыц фехъал ис æмæ дзуры чызгмæ: «Цы зæд, цы дуаг дæ?» «Зæд дæр нæ дæн æмæ дуаг дæр, фæлæ дæн, Быцентæй цы чызджы ракуырдтай, уый. Бон мын хæфсы цъарæй ралæсæн нæй, æхсæв та — хæфсы цъары фæлæууæн».

Чызг æхсæвæй бонмæ, сæдæ лæгæн къахæй-къухмæ цыдæриддæр хъæуы фæлыстæй, уый кæрдгæ дæр æмæ хуыйгæ дæр бакодта. Дыккаг æхсæв дæр та — афтæ. Дыууæ сæдæ лæджы фаг куы сцæттæ кодта, уæд зæгъы Хæмыцæн: «Ныр бавдæл æмæ сæ Нартæн байуар, сæ хуыздæртæ — чи куыд мæгуырдæр у — афтæмæй, нал уыдзæн, зæгъгæ, уымæй ма тæрс: æз цæмæ бавналон, уымæн сæвидийæн нæй!».

Хæмыц йæ усыл æрхъæцмæ нæ хъæцыд, æмæ-иу кæдæм цыдаид, уырдæм æй йемæ хаста. Суанг Нарты Ныхасмæ дæр. Сырдоны фыдбылыз уый цыдæрхуызы базыдта æмæ Ныхасы загъд ракъахта. Уый фæрцы йын Хæмыцæн бауайдзæф кæныны фадат фæци: «Кæсут-ма Хæмыцмæ — кæд æрхаста Быценоны йемæ разагъды Нарты стыр Ныхасмæ». Хæмыц ма Сырдоны тугомынтыл бæргæ фæкодта, фæлæ уыцы уайдзæфы фæстæ Быценонæн Хæмыцимæ цæрæн нал уыд — Быцентæ уайдзæфæй мæлгæ кодтой, æмæ йæхи сæхимæ æрхæссын кодта. Уым ын зæгъы: «Æртæ хорздзинады бакæнинаг дын уыдтæн, фæлæ дзы ныр иу сæххæст кæнын йеддæмæ мæ къухы нал бафтдзæн... Ныр дын цы зæгъон, уымæ хъус: дæуæй мæнмæ ис нæлгоймаджы гуырдз. Мæхи дзидзийæ куы схъомыл уыдаид, уæд ын дунетыл æмбал нæ разындаид: кард æй нæ карстаид, фат дзы нæ хызтаид. Фæлæ ма цы, гъа! Æрбадар дæ уæнтæ, æмæ дын гуырдз уырдæм ныуулæфон... Ацу æмæ-иу æй Сатанайæн радзур, уый дын зæгъдзæн, йæ къæртт кæнын афон кæд уыдзæн, уый».

Афон куы æрцыд, уæд Сатана Хæмыцы сынкъ акъæртт кодта, æмæ дзы сырх зынгæй рагæпп кодта æрдæгæй уæлæмæ — æндон, уырдыгæй дæлæмæ — болат, ахæм лæппу — Батрадз æмæ асхъиудта денджызмæ[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.