Уæрхтæнæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уæрхтæнæг
Æрд нæлгоймаг
Фыд Борæ
Æфсымæр Уæрхæг
Сывæллæттæ Сыбæлц

Уæрхтæнæг у Уæрхæджы ’фсымæр.

Нарты астæу фæцард зæронды онг æнæ усæй. Нарты фæсивæд бауынаффæ кодтой: «Уæрхтæнæгæн байзæддаг нæй, нæй йын бындар, æмæ йын ус ракурæм. Кæд нæ коммæ нæ бакæса, уæд та йæ дуртæй амарæм». Уæрхтæнæг цард Тæлæгты быдыры, сразы ус ракурыныл. Уалынмæ сын лæппу райгуырд, æмæ йыл ном сæвæрдтой Сыбæлц. Сыбæлц Хуры чызг Адæдзæйы куы ракуырдта, уæд ын йæ фыд Уæрхтæнæгæн Хур радта згъæр хæдон. Згъæр та ахæм згъæр уыди, æмæ йе ’фцæгготæй заргæ кодта, йæ риутæй — хъырнгæ, йæ дыстæй æмдзæгъд, йæ фæдджитæй та — кафгæ. Иуахæмы йын æй Соппары æртæ фырты байстой, йе рагъæй та йын дыууæ гæрзы рауагътой. Йæ фырт Сыбæлц уый куы базоны, уæд Соппары фыртты амары, Уæрхтæнæджы згъæр байсы, йæ рагъæй йын цы дыууæ гæрзы рауагътой, уыдон ын йæ фæсонтыл æрæвæрдта, нымæтын ехсæй сæ ракъуырдта æмæ, фыццаг куыд уыдис йæ фыд, афтæ фестад.

Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг тохы бацыдысты дæлимонтимæ. Дæлимонтæ сыл фæтых сты æмæ сæ дæлдзæхмæ акодтой[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.