Перейти к содержанию

Атынæг (бæрæгбон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Атынæг кæнæ цыргъисæн[1], халмæвналæн[1], Куырттаты комы ма йæ хонынц хорыбон[2] — йæ рæстæджы уыди тынг кадджын æмæ адæмы уарзондæр бæрæгбæттæй иу. Ныр дæр ма бæрæгбонæн ис сæрмагонд нысаниуæг — Атынæджы бæрæгбонæй фæстæмæ адæм райдайынц хос кæрдын, уый размæ цæвæгмæ æвналын нæ æмбæлы. Зæгъæм, исчи бавнæлдта бæрæгбоны размæ цæвæгмæ, уæд-иу æй бафхæрдтой-хъуамæ-иу æхсæны куывдмæ радтаид дыууæ галы.

Атынæджы куывд-иу кодтой хуыцаубоны. Хуыцауы ном-иу куы ссардтой фынгыл, уæд-иу хистæр ракуывта: «Атынæджы хорзæх нæ уæд, йæ бæрæгбоныл хорзæй куыд æмбæлæм. Адæм сæ кусæнгæрзтæ хорз боны куыд райсой, хор æмæ фæсæфсæстæй ныл зымæг куыд æрцæуа».

Бæрæгбоны фæстæ, дыццæджы, цыфæнды рæстæг куы уыдаид, уæддæр адæм цыдысты хос кæрдынмæ. Сихормæ-иу фæкарстой, стæй-та иу сæ куывды кой кодтой.

Уыцы бæрæгбоны-иу лæппу кæмæн уыд æмæ йæ афон кæмæн æрхæццæ, уый-иу ракодтой хос кæрдынмæ. Уый уыд стыр цау лæппуйы царды мидæг — ома, йæ лæджы кары бацыд. Лæппу-иу банкъардта, амæй фæстæмæ йе уæхсчытыл уæззау хæс кæй æрæвæрдта.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — Владикавказ: ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2015. – 599 с.
  2. Цыбырты Л. Ирон адæмон бæрæгбонтæ. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 1998 — 256 ф.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]