Æрджынарæг
Æрджынарæг Цæгат Ирыстоны картæйыл
Æрджынарæг, дыгур. Æргиунгæг (уырыс. Эльхотовские ворота) у нарæг Цæгат Ирыстоны Кировы районы, Елхотмæ ’ввахс, дыууæ ныллæг рæгъы ’хсæн Терчы дон кæм кæлы, уым. Æрджынарæгыл цæуынц ахсджиаг соса фæндаг æмæ æфсæнвæндаг.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг 1942-æм азы фæззæджы уыцы ран цыдис карз тох, советон æфсæддонтæ нæ бауагътой фашистты дарддæр цæуын[1].
Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Осетия в Великой Отечественной войне (уырыс.)