Хур (ирон мифологи)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хур кæнæ Хурзæрин, Хурты Хурзæрин[1] — уæларвцæрæг дзуар ирон мифологийы. Ис ын бинонтæ, уыимæ цалдæр чызджы. Хуры хæларæй цæры иннæ уæларвцæрджытимæ æмæ иу цасдæр рæстæг-нартимæ дæр; нартæй иуæй-иутимæ хæстиуæг дæр кæны: йæ чызг Ацырухс — рæсугъд у разагъды нарт Сосланы бинойнаг. Хур Нарты Батырадзы тохы рæстæг уæларвцæрджытимæ, Хуыцауы амындмæ гæсгæ, фæстæгты фарс фæцис, æмæ, цы тæвд скодта, уымæй Батырадзы болат буар атадис. Хуры бадзырдмæ гæсгæ Балсæджы цалх амардта Сосланы — йæ чызджытæй иуы бафхæрæджы: чызджы фæндыд Сосланы бинойнаг суæвын, фæлæ Сослан разыйы дзуапп нæ радта.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV-æм том