Анæгол

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Анæгол[1] кæнæ Анигол[1]ирон мифологийы мыддарыны бардуаг. Ирон адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ Аниголы чи нымадта æмæ йын табу чи кодта, уыдонæн лæвæрдта бæркад мыдæрдыгъд æмæ сын хъахъхъæдта сæ мыдыбындзытæ. Мыдгæстæ сæ фыццаг мыдæрдыгъды бæлвырд хай нывондæн хастой Аниголæн.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.