Гуымиргомы æлдар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гуымиргомы æлдар — Нарты знаг, тыхæй, зондæй сыл нæ тых кæны æмæ сыл уæд хинæй разилын сфæнд кæны. Сæ хæрзæджыты сын фæхуыдта Гуымиргоммæ. Уым сæ цæлы фынгыл срасыг кодта æмæ сæ ахæстоны бамидæг кодта. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы та акæнын кодта йе ’рхуы мæсыгмæ æмæ сæ мæсгæны ныппæрстой. Сæ сæрыл сын къæй ныффæлдæхтой. Йæ æфсады раздзог Уæдæрæджы йын кæй амардтой, уый тыххæй сæ йæ маст хъуамæ райстаид. Фæлæ уый йæ къухы нæ бафтыд. Нартæ та уыцы уавæрæй дæр раирвæзтысты, гуымир æфсады ныддæрæн кодтой, Гуымир-æлдары та Уæрхтæнæг æрхуы мæсыджы сæрæй рахста, æмæ ныппырх ис. Гуымиргомы адæм, стæй æлдары цагъайрæгтæ фервæзтысты сæ тыхгæнæгæй æмæ риуыдзаг сулæфыдысты.

Гуымиргомы æлдар бадт уырынгæздыхт, сыгъдæг пылыстæгæй арæзт къæлæтджыныл, йæ уæхсчытыл дардта тинты кæрц.[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.