Рекомы кувæндон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Рекомы фыццагон хуыз
Реком (Цæгат Ирыстон)
Реком
Рекомы кувæндон Цæгат Ирыстоны картæйыл

Рекомы кувæндон (дзуар) ис Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Цъæйы комы.

Æвæрд[ивын | Бындур ивын]

Уæрæх хъуыстгонд ирон кувæндон Реком æвæрд у Цъæйы комы рæбынæй (Уæлладжыры комы хуссар-ныгуылæн фадыг), 9 км фалдæр хæххон уæлвæз фæндагыл Буронæй, денджызы æмвæзæй у 1946 м уæлдæр. Рекомы фæз цæгатырдыгæй гæрæнгонд у къæдзæхджын Цъæййаг рагъæй, хуссарырдыгæй цæугæдон Цъæйдонæй, кæлы тынг уырдыг тальвегыл. Цъæйы ком (Рекомы фæз у йæ хай) геоморфологикон æгъдауæй у типикон, хорз куыстгонд трог — цъитион архайды фæстиуæг. Хихджын хъæдтæй æхгæд æмæ рагътæй гæрæнгонд, йæ алфæмблай Адайы хохы æмæ Елбатты цъуппытæ, Схъасы æмæ Цъæйы цъититæ ацы бынат у уæлдай хæрзуынд. Иу 3 км фалдæр цæгатырдæм Рекомы фæзæй лæууы хъæу Уæллаг Цъæй.

Цæгат Ирыстоны рагон фенддæгты астæу Реком ахсы сæрмагонд бынат: арæзт у Хæххон Ирыстонæн традицион дурæй нæ, фæлæ хъæдæй, æмæ уымæй у уникалон. Хъæдæй арæзт цыртдзæвæнтæ Ирыстоны баззад стæмтæ, æмæ сæ астæу тæккæ хуыздæр æнæмæнгæй у Реком.

Иртæстыты истори[ивын | Бындур ивын]

Рекомы тыххæй тæккæ рагондæр фыстытæй фыццаг хауы 18 æнусы кæронмæ, ныффыста йæ протопоп Иоанн Болгайраг йæ хъусынгæнæны астрахайнаг æмæ стъарапойлаг алчер Антониймæ 1780-æм азы 18 июлы:

«

В Чей во имя святые Тройцы деревянная церковь построена из красного дерева, называемого негниющего. В сей церкви есть стенное писание и несколько образов, у которых видны подписи грузинскими литерами.

»

Иннæ афыст, бирæ бæлвырддæр æмæ лæмбынæгдæр ныууагъта В.С. Толстой, уый сбæрæг кодта Реком 1847-æм азы.

«

Иу фарсырдæм фенкъуысгæ хъæдын бæстыхай, тæккæ хуыздæр нæзыбæласæй агъуыстон хъæдæй, йæ хуыз у хъæздыг уырыссаг избайы хуызæн дыууæ покатимæ, нæзы бæласæй, иу дзы иннæмæй даргъдæр, къулы фронтоны бын зыны чысыл æхгæд рудзынг, йæ сæрмæ та, тæрхæгыл тынг бирæ егъау дзæбидыры сыкъатæ æвæрд... Гæрæнгондмæ бахизæн уыдис хуссар-ныгуылæнырдыгæй; ардыгæй уыдис рудзынг дæр, иннæ дыууæ рудзынгы æнгæс... хуссарырдыгæй сæйраг бæстыхаймæ уыдис æфтуанагъуыст, уым хуссар-ныгуылæнырдыгæй зындис дуар, хуыд йыл уыдысты тынг арæх æфсæйнагæй уадздзæгтæ, кæрæдзийы сæрты цъæхгæрмæ кæм хызтысты уыцы къуымты сагъд уыдысты къæбæлтæ, аллы къæбæлыл дæр ауыгъд уыдис æфсæйнаг цæг... Нарæг æрбахизæн йæдзаг уыдис ирон мысайнæгты бырæттæй фæлæ къуымы лæууыдис æрхуыйæ купель сыгъдæг донæй аргъуыд кæнынмæ æмæ афтид киот... Сæ цуры хуссыдысты цалдæр дзæнгæрæгы, тæккæ уæлдæр дзы уыдис бæрзæндмæ аршины бæрц, æмæ йыл уыдис гуырдзиагау фыст: Нывондгонд æрцыдис паддзах Багратионты мыггагæй, фырт паддзахы фырт Шахнавазæй, Георгийæ, ирон сыгъдæг фыды аргъуанмæ. Гуырдзиаг хрониконы аз 376, нæ нымадмæ гæсгæ 1688.

»
Рекомы къамтæ (1906-1911 азты)

Дарддæр Толстой йæ къухфысты фыссы:

«

.. зындис раздæр кæм лæууыдис иконостас æмæ престолы бынат, раджы кæддæр къултæ уыдысты хъуымацæй æнгом тыхт, ныгуылæн къул та хъуымацæй нæ фæлæ гауызæй, уыцы гауызæй ныр баззадысты афтиддæр ауыгъд хæцилтæ. Тæрхæгыл ссардтой тухгæ обрез дыууæ ставнитимæ, ахæм зæронд уыдис, æмæ дзы равзарæн ницы уыдис; фæйнæг хост æфсæйнаг сыфимæ, ууыл цъистгонд уыдис цыдæр бæхджын сыгъдæджыты нывтæ; ацы фæйнæг уыдис вæццæгæн паддзахы дуæртты кæцыдæр хай... Ссардтам ам хæцил цыдæр кæттагæй, уыдис йыл нывгонд барæг Георгий, вæццæгæн уый уыдис хоругвы скъуыддзаг; стыр бархатæй конд парчайы скъуыддзаг. Ам ма ноджы æппæрст уыдысты дынджыр тымбыл сердоликтæ æмæ агаттæ, æвæццæгæн кæддæр уыдысты хъуырфæрдгуыты хай æмæ бирæ алыхуызон сæ уындæй дæр æмæ сæ згъæрæй дæр къухдарæнтæ æмæ хъусдзæджытæ. Зæххын пъолыл хуыссыд тымбыл цыргъ æндон така, йæ размæ цæсгом хъахъхъæнынмæ цыд æфстæйнаг тæлм, фæстæйы та йыл уыд бæрзæйхъахъхъæнæн згъæрхæдон; цъæлгонд æрдын æмæ иу къуым уыдис йæдзаг хорз аирвæзгæ сæдæгай аллыхуызон фæттæй.

»

В.С. Толстой фыццаг афтæ бæлвырд чи ныффыста Рекомы тыххæй. 1852-æм азы Реком федта А. Головин, уый фыста:

«

Рекомы кувæндон, ай нымад цæуы Ирыстоны рагон диссæгтæй, æмæ йæ тыххæй дзургæйы ирæтты æвзаджы ныхæстæ нæ фаг кæны

»

Ахъаззаг ногæй Головин ницы сбæлвырд кодта.

В.Б. Пфафы (уæле, 1871 аз) æмæ В.Ф. Миллеры (делæ, 1888 аз) конд нывтæ

Фылдæр информаци ис Рекомы тыххæй В.Б. Пфафмæ, уый уыдис Цъæйы 1896-æм азы:

«

Бынæттон цæрджытæ нæ хъуыды кæнынц цæмæй Реком цы хъæдæй арæзт у уый искуы сног ис... Рекомы зæххыл лæзæрыдысты егъау цæндтæ фæттæй саст æрдынтæй æмæ фатдонтæй. Уыцы цæнды бынæй ме мбæлттæй иу тынг зынтæй раласта арц, уый адæмон фыдæлтыккон таурæгъмæ гæсгæ у ирон адæмон хъайтар Осбагараты арц... Сæйраг бæстыхайы къуылтыл ауыгъд уыдысты хъуымацы гæппæлттæ, иуыл дзы егъау персайнаг гауыз, зæгъæн ис æмæ æххæстæй бамбыд ис... Хъæдын иконостас ныххæлæтдзаг ис, зæххыл лæзæрыдысты дуне авгæй фæрдгуытæ, цæппузыртæ, æвзист æмæ æрхуы згъæрæхцатæ, æлыгæй конд саджы, хъуджы, фысы, бабызы æмæ а.д. фигуркæтæ... æфсæйнаг рыцæрон така, конд йыл у уæхсчытæ хъахъхъæнынмæ згъæрхæдон æмæ фатдон йæдзаг фæттæй. Реком ныры онг нымад цæуы Ирыстоны фыццаг сыгъдæг раныл.

»

1879-æм азы кувæндонмæ æркаст хъуыстгонд археолог-кавказовед П.С. Уварова, 1880-æм азы та академик В.Ф. Миллер. Уваровайы афыст иннæтимæ абаргæйæ ногæй ницы дæтты, фæлæ дзæвгар археологон фæлтæрды руаджы æркастис профессионалон цæстæнгасæй. Афтæ Уварова федта така, фæлæ бынатыл нал ссардта арц æмæ фатдон, уый дзуры ууыл æмæ Уварова куы æркаст Рекоммæ уæдмæ уыцы артефакттæ давд æрцыдысты, 1869-1879 азты астæу. Уварова фыццаг йæ цæст æрдардта дуæртты декормæ, æфсæйнагæй фæлыстгондæй, крестытæ схуыдта «византиаг цыппардигъон кресттæ». Мидæггаг дуар дæр фæлындгонд уыдис æфсæйнаг дзуарæй æмæ «бронзæйæ булавкæтæй, ахæмтæ нын æмбæлынц Ольшевскийы коллекцийы æмæ Комунтаг могильничы». Æцæгæй булавкæтæ бронзæйæ нæ уыдысты фæлæ æфсæйнагæй.

Всеволод Миллеры афыст ногæй ницы дæтты. Рекомы фæстæдæр афыстытæ дæр ногæй ницы æрмæг дæттынц, фæлæ бацамонын хъæуы Н.Я. Динникы, Г.А. Вертеповы, А.М. Дирры публикацитæ. Фæстаг йæ фыстæджы бæрæг кæны, куы æркаст Рекомы уæд «йæ мидæг уыдис бынтон афтид», нал дзы уыдис нæдæр фаттæ, нæдæр сырдты фигуркæтæ, нæдæр Ос-Бæгъатыры хæцæнгæрзтæ. 1910-æм азмæ Рекомы реликвитæ æххæстæй давд æрцыдысты.

Советон рæстæджы дæр Реком йæхимæ ласта иртасджыты. Фæбæрæг кæнын хъæуы А. Вязигины популярон уац æмæ А.Х. Магомедовы сæрмагонд уац, уым сæйраг бынат лæвæрд æрцыдис Рекомимæ баст ирон æгъдæуттæн æмæ фæткæн. Рекомы тыххæй ныффыстой сæ монографиты Калоты Барис æмæ Цыбырты Людвиг. Рекомыл бирæ азтæ фæкуыста Е.Г. Пчелина, уый йыл скодта егъау иртæстон куыст, фæлæ мыхуыргонд не ’рцыдис, баззадис Бетъырбухы Эрмитажы архивты.

Номы равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Зонадон æгъдауæй дзырд «реком»-æн ныронг нæй бæлвырд этимологион бындур.

В. С. Толстой 1848-æм азы фыста, зæгъгæ, «ныхас Рекомæн нæй нысаниуæг», фæлæ уайтагъд амоны адæмон этимологи, уый йын загъта Колыты А.: ирон ком, кæцы фæстæдæр фæстад Иреком. Ацы версийы фарс уыдис Е. Г. Пчелина дæр. Хъуыстгонд ма у ноджы иу адæмон этимологи дæр: Цъæйы комы ма фæхонынц «Хуры ком», уымæй рауад «Рыком» — «Реком».

Абайты Васо баста Рекомы ном гуырдзиаг ныхас «ркони»-имæ ома «тулдзты къох» — гæнæн ис æмæ дам кæддæр раджы ацы ран задысты тулдз бæлæстæ. Уыимæ хъуыстгонд у æмæ Рекомы фæзыл бæлас цыдæр абæрæг æгъдауæй бæлас нæ зайы бынтондæр.

Ноджы ма иу этимологи рагъмæ рахаста Л. И. Лавров, уый æмбарын кодта Рекомы ном араббаг «ракам» кæнæ «рукам»-æй ома тыгуыр, цæнд.

Хъуыстгонд археолог В. А. Кузнецов ацы хъуыддагимæ нысан кæны, 1 æнусы нæ дуджы агъоммæ ромаг автор Плиний кæй кой кæны, уыцы æвдадзы зайæгойы тыххæй, уый хуыйны «рекома», æмæ йæ кæй ластой, Понты денджызы (ома Сау денджызы) сæрмæ цы бæстæтæ хуыссынц, уырдыгæй.

Бæстыхайы цалцæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Рекомы бæрæгбон

Тæккæ рагондæр бæрæгдзырдтæ ацы хъуыддаджы тыххæй ныууагъта В.Б. Пфаф, уый фæбæрæг кодта Цъæйы цæрджытæ кæй нæ хъуыды кæнынц иу цау дæр, цæмæй Рекомы бæстыхаймæ æвнæлд æрцыд.

1998-æм азы Рекомы бæстыхай рацарæзтой. 2011-æм азы июны æбæрæг фыдгæнджытæ бæстыхаймæ бандзæрстой арт, ссардæуыд спичкæтæ[1]. Кувæндон æппæтæй нæ басыгъд, æвæццæгæн райдыдта тыхджын къæвда.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]


Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]