Гуымирытæ
Внешний вид
| Гуымирытæ | |
|---|---|
| Мифологи | Ирон мифологи |
| Тип | уæйгуытæ |
| Кæм цæры | лæгæттæ |
Гуымирытæ кæнæ гуымиртæ — лæгæтты æмæ æнæбасæтгæ хæххон фидæртты цæрæг хъаруджын æмæ æнæхсæст уæйгуытæ нарты кадджыты. Нарт гуымирыты нымадтой, кæддæр сæ зæххыл чи цард, ахæм бынæттон адæмыл:
| Нарты размæ цардысты уæйгуытæ, уæйгуыты размæ та гуымирытæ. |
Кадджыты гуымирытæ иудадзыг нартимæ знæгтæ уыдысты. Нарт-иу сыл фæуæлахиз сты сайд æмæ хинæй.
Этимологи
[ивын | Бындур ивын]Иуæй-иу ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй гуымирты этимологи амоны рагзаманты цæрæг адæм киммирийæгтæм.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.