Перейти к содержанию

Едыс

42°32′10″ с. ш. 44°12′47″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Едыс
42°32′10″ с. ш. 44°12′47″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Дзауы район
Истори æмæ географи
Центры бæрзæнд 1940 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 14[1] адæймаджы (2015)
Едыс (Хуссар Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Едыс (уырыс. Едис, гуырдз. ედისა) у Хуссар Ирыстоны Дзауы районы хъæу. Ис Урстуалты.

Едысы, æвæццæгæн, XV æнусы æрцардысты Беджызатæй дыууæ æфсымæры. Уыдон æрлыгъдысты Цæгат Ирыстонæй Дæргъæвсы комæй Хынцæджы хъæуæй. Æрбаййæфтой йæ æдзæрæгæй. Йæ хъæдты уæлвæзты бирæ уыд алыхуызон сырдтæ æмæ мæргътæ. Ивгъуыд æнусы æстайæм азты дæр ма Едысы цардысты 25 хæдзары, — фыста «Рæстдзинад»-ы газеты Беджызаты Амилбар — Беджызатæ уыдысты 7 хæдзары, Басатæ — 3, Дзестæ — 3, Дзукъатæ — 2, Мамиатæ — 2, Мæхъитæ — 2 æмæ Гугкатæй — 1 хæдзар. Едысы æппæт Урстуалтæн уыд хъæууон совет, астæуккаг скъола, аргъуан. Сæ сæйраг бæрæгбон — Тбау-Уацилла.

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Беджызатæ, Дзестæ, Дзукъатæ, Гугкатæ, Басатæ, Мæхъитæ, Мамитæ, Абегатæ.[2]

Беджызатæ Едысмæ бафтыдысты æппæт мыггæгтæй раздæр Тæгиаты комы Цæгат Хынцæгæй. Мамиатæ Едысмæ афтыдысты Нары комæй. Дзукъатæ æмæ Мæхъитæ Едысмæ балыгъдысты Челиаты комæй.

Зындгонд едысæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
Едысы ныхас

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 251 ф.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]