Мысыры æлдар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Мысыры æлдар у тыхгæнæг, Нарты знæгтæй.

Насран-æлдары усы аскъæфта. Нарт афæдис кодтой, фæлæ йæ басæттынæн ницы фæрæз ардтой. Уæд сæ Мысыры æлдар лæгæй-лæгмæ хæсты æрцагуырдта, не ’фсæдты цæмæн цæгъдæм, зæгъгæ. Насран-æлдар фæтарст, æмæ йæ бæсты Ацæмæз ацыд. Мысыры æлдаримæ афтæ бирæ фæхæцыдысты æмæ фаттæй кæрæдзийы сыхырнайы хуызæн скодтой. Афтæ æртæ боны. Æхсæвы-иу Мысыры æлдары, Насран-æлдарæй цы ус аскъæфта, уый сдзæбæх кодта. Усмæ ахæм миниуæг уыд, æмæ-иу мæлæг адæймагыл дæр йæ къухтæ куы ахастаид, уæд-иу адзæбæх. Афтæ бакодта æрдæгмард Ацæмæзæн дæр æлдары сусæгæй. Мысыры æлдарæн та йæ мæлæт уыд æрмæстдæр йемæ райгуыргæ кардæй, æмæ йæ Ацæмæз уымæй амардта[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.