Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæджы æнæном лæппу | |
---|---|
Æрд | нæлгоймаг |
Династи | Æхсæртæггатæ |
Фыд | Уырызмæг |
Мад | Сатана |
Æфсымæр | Сослан |
Уырызмæджы æнæном лæппу у нарты кадджыты хъайтары ном.
Уырызмæгæн лæппу нæ цард, йæхи къухтæй-иу æй мæрдтæм барвыста. Иуахæмы Сатанайæн лæппу æмбæхст уыд Донбеттыртæм. Фæлæ та йæм уырдæм дæр бахæццæ Уырызмæджы къух, ном дæр ыл нæма сæвæрдтой, афтæмæй. Лæппуйæн йæ буар Донбеттыртæ йæ сыджытыл сæмбæлын кодтой, йæ уд та атахт Мæрдты бæстæм, æмæ уыцы ран Барастыры уæрагыл уыди йæ бынат. Хъуыдыгæнæг æй куы нæ уыд уæлæуыл, уæд Барастырæй йæхи ракуырдта, Уырызмæг ма æцæгæлон адæмы кой дæр кæны, фæлæ мæ кой — нæ, марды кæнд мын нæй, æз мæхæдæг куынæ бакæнон мæхи кой, уæд мæ фыдæй рохуаты баззадтæн, зæгъгæ.
Уырызмæджы æнæном лæппу йæ фыдимæ, йæхи йын не схъæр кæны, афтæмæй Барастыры Аласайыл Терк-Турчы бæстæм стæры ацыдысты. Терк-Турчы рæгъæуттæ ратæлæт кодтой æмæ сæ куы уарынц, уæд Уырызмæгæн афтæ зæгъы: «Мæнæ дын уый дæ хистæрæггаг, иннæ дын æмбалы хай, æртыккаг та дын мæхи хай; ацы галæй та мæнæн мæ афæдзы кæнд ахицæн кæн. Дунеты дæр ма хыгътай мæрдтæм, æрмæст мæ ном — дæ фырты ном, дæхи къухæй мæрдтæм чи бацыди Донбеттырты хæдзары, уый ном ницæмæй ссардтай». Йæхæдæг йæ Аласайыл абадт æмæ Мæрдты бæстæм ныффардæг.
Уырызмæджы æнæном лæппуйы арфæйæ Нартæ даргъ зачъетæ нал дардтой, сæ сæрты кæхцытæ исгæ нал уыдысты[1].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.