Перейти к содержанию

Никкола

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Никкола, Ныккола дæр у ирон адæмы рагондæр бардуагтæй иу. Афтæ рагон у, æмæ нæм æрбацыди аланты рæстæгæй.

Никкола у зæххыл адæмы хорздзинадæн цы зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Зæххон адæммæ у тынг хæстæг. Кæд, дам, зæдтимæ цæры, уæддæр, дам, зæххмæ æрцæуы æмæ хуымгæнджытимæ хуым кæны, хосгæрдджытимæ хос кæрды æмæ а.д.

Алы рагуалдзæг дæр-иу Никколайæн æргæвстой иумæйаг мысайнæгтæй æлхæд кусæрттаг. Куывтой-иу, цæмæй уой хосарæх, сæ фос æнæфыдбылыз уой, адæм та æнæниз æмæ амондджын.

Чырыстон Сыгъдæг Никъала æмæ Дыгуры Зæд Уац Никкола

[ивын | Бындур ивын]

Рагон ивгъуыд рæстæджы, астæуккаг æнусты чырыстон дины тæфаг алæнтыл цыди дыууæ æрдыгæй: Уырым-Бердзенты паддзахадæй æмæ Гуырдзыстонæй. Уымæ гæсгæ та чырыстон бæрæгбæттæ æмæ зæдты нæмттæ не ’взаджы мидæг фæззындысты уыцы адæмты æвзæгтæй. Иу ахæм зæд Ирыстоны Уац Никкола, кæнæ Никколай ном хæссы. Фылдæр æй нымадтой æмæ уымæ куывдтой Дыгуры æхсæн. Зæды ном Никкола, куыд уырыссаг Никола, равзæрди бердзенаг Nikolaos-æй. Ацы ном хаста чырыстон сыгъдæг Николай Мирликиаг. Гуырдзиаг чырыстон дины æгъдауы мидæг сыгъд. Николай (Nik`oloz) ахæм стыр кадджын бынаты æвæрд нæ уыд.

Куыд бæрæг у, афтæмæй хъуыст аллон фысты Зеленчукы доны былыл цыртдзæвæныл, уым дæр сыгъдæг Николайы ном фыст æрцыди тæккæ райдайæны — Йесо Чырыстийы номы хæдфæстæ. Китайаг рагон хроничы дæр (Юан-ши, XIII æнус) ацы ном фыст æрцыди куыд аллон лæджы ном — Негулай, зæгъгæ. Раздæры аллон адæмæй баззад зæды ном нæ сыхаг асыйæгтæ æмæ хъæрæсейæгтæм — Ныккола, Ныкола айы (ома, Никколайы мæй).

Дыгур куывдысты Никколамæ куыд Уастырджи æмæ Уацилламæ. Никколайы куывд/бæрæгбон кодтой уалдзæджы, мæйы 9-аг боны. Уырысмæ дæр у ацы рæстæг нымадтой (весенний Никола, зæгъгæ). Дыгургом, Доныфарсы хъæуы сæрмæ ис хохаг лæгæт, кæцы нымад цæуы Никколайы кувæндоныл. Бынæттон цæрæг адæм ам кодтой бирæ кусæрттæ Никколайы зæды номыл, æмæ кувинæгтæм арæх æртæхой цæргæстæ: ома, зæды æрвыст дам сты.

Бирæ дыгурон таурæгъты æмæ кадджыты цæуы Никколайы кой: Нарты кадджытæ, «Ацæмæзы зарæджы» — Никкола иннæ зæдтæ æмæ дауджытимæ фæцæуы минæвары Ацæмæзæн Агуындæйы рæсугъдмæ. Иу ма зарæджы дæр йæ кой цæуы: «Уастырджи гутондар уыди, Никкола сæрыл хæцæг, Мады Майрæм мыггагдзау, Хоры Уацилла та мыггагтауæг уыдис».

Чырыстон дины æгъдауы сыгъдæг Николай нымад цæуы денджыздзауты дауджытыл. Æмæ уый тыххæй баззад иу рагон дыгурон зарæг:

Еухатт и мæгур адæн балци цудæнцæ и денгизи.
Денгизæн æ астæумæ ку бацудæнцæ,
Уæд сæбæл стур дунгæ ку ’рцудæй,
Сæ науи син дортæбæл ку нимморæ кодта.
Мæгур адæм еци рауæн ку исавдæнцæ..
Уалдæнги уонæй еу мæгур лæг ку никковуй:
— Уæй, Никкола, ку исæфæн аци рауæн!
Дæ хуарззæнхæ нæ фæууæд, фæннæервæзун кæнæ!
Ку нæ фæййервæзун кæнай, уæд дин кувддитæ фæккæндзинан,
Уорс уæлитæ дин уорс кæркитау февгæрддзинан. -
Еци сахат изæдтæ ма идаугутæ
Хуцауи размæ æнхуæцæй дæр æмбурд адтæнцæ.
Борæ нæлфус син кувдæн æргæвст ку адтæй.
Уордæмæ Никкола мæгур лæги кувд ку фегъуста,
Еци сахат изæдти астæуæй фæййаууон æй,
И денгизмæ мæгур адæнмæ ниррæхсбетуй,
И денгизæй мæгур адæми и сормæ ку ’рбаййевхæссуй.
Сæ науæй дæр син фæйнæги æрхъез, зæгæли саст
Исæфун нæ бауагъта, табу ин уæд.
Уалдæнгæмæ изæдти кувд ку исцæттæ уй..
Уотæ Никкола дæр æртæхдзагъдæй æрбалæудтæй...

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]