Уаты хицау

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Уаты хицау — æмкъайады цæдисыл æмæ сылгоймаджы цот кæныны хъомысыл аудæг дуаг. Чындзы-иу йæ мойы уатмæ æрбакæнгæйæ, къухылхæцæг скуывта Уаты хицаумæ, цæмæй æрыгон къайæн ратта бирæ æнæниз цот, фыццаджыдæр, лæппу цот. Фæстæдæр Ирыстоны бирæ рæтты Уаты хицауы функцитæ лæвæрд æрцыдысты Бынаты хицауæн.