Сæлхæйы рæсугъд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сæлхæйы рæсугъд[1] кæнæ Сæлхийы рæсугъд[2] — ирон адæмон кадджыты хъайтар. Хъару æмæ лæгдзинадæй йæхицæн ном чи скодта, уыцы хъайтартæй бирæтæ хъавынц Сæлхæйы рæсугъд ракурынмæ. Йæ диссаджы фæндыры цагъдæй Сæлхæйы рæсугъд йæ зæрдæ чи фæцагайдта æмæ йæхицæн æмбалæн кæй равзæрста, уый Донбеттыртимæ тохы мæлæтдзаг цæф фæвæййы. Сæлхæйы рæсугъд йæ уарзон йæ хъæбысы ахицæн, стæй уый дæр йæ уарзоны ингæныл йæхи амары. Сæлхæйы рæсугъды кадæг адæмы хорз кæй зыдтой, ууыл дзурæг сты ахæм æмбисæндтæ: «Раст Сæлхæйы рæсугъды хуызæн у», «Сæлхæйы рæсугъд цы кæныс!» «Уындæй Сæлхæйы рæсугъды цæрмыстыгъд бакодта» æмæ æнд.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.
  2. 2,0 2,1 Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.