Алæф

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Алæф
Тип уæйыг
Æрд нæлгоймаг
Фыд Æфсæрон

Алæф у сохъхъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт.

Нартæ Зилахары сарæзтой стыр симд, ахæм симд, æмæ зæхх сæ быны рызти. Симды Нарты гуыппырсартæй иу дæр нæ уыди, — нæдæр Уырызмæг, нæдæр Сослан, нæдæр Батрадз. Алæф сæм хохæй бынмæ касти æмæ загъта: «Цон, æмæ Нарты симдмæ ныццæуон, хорз фæсимон, фæхынджылæг кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзаумæттæ схæссон».

Бæргæ йын дзырдта йæ фыд Æфсæрон: «Уæ макæ, ма ацу, Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты фыдбылыз сараздзæн — уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Фæлæ нæ байхъуыста фырт йæ фыды зондамындмæ. Ныццыд Нарты симдмæ тулдз къала бæласимæ. Симы, уæдæ цы, хъал Алæф æмæ Нарты фæсивæдæй кæмæн йæ къух бамур кæны, кæмæн йæ фæрстæ балхъивы. Хъæрзынц Нарты фæсивæд, фæлæ сæ уæддæр кæм уадзы. Изæры йæ фыдмæ хъæлдзæгæй куы сыздæхт, уæд æм уый дзуры: «Æнхъæлдæн, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ уыди!».

Дыккаг бон дæр та Нарты симды балæууыд Алæф. Уыцы рæстæджы Хæмыцы фырт Батрадз бадти хохы сæр цъитийыл, йе ’ндон уазал кодта. Касти уырдыгæй æмæ уыдта, Зилахары цытæ цæуы, уый. Æмæ хæххон цæргæсау йæхи раскъæрдта. Симды æрхæцыд Алæфыл. Симгæ-симын ын йæ къахыл фæлæууыд æмæ йын йæ цонг скъуырдта. Атæбæкк ис Алæфы къах, йæ цонг та æлвæсгæ фæкодта. Лæгъзтæ кæнын байдыдта Батрадзæн, суадз мæ, зæгъгæ. Батрадз ма йæ араууæрд-баууæрд кодта иу чысыл, карчы цъиуы куыд араууæрд-баууæрд кæнай, афтæ, стæй йæ суагъта.

Алæфы æрдæгмардæй Æфсæрон адагæй галтыл куы сласын кодта, уæд æрфарста йæ фыды, цæмæй афтæ тыхджын у Батрадз, зæгъгæ. Уый йын загъта: Куырдалæгонæн йæхи кæй байсæрын кодта, уый тыххæй. Алæф дæр ссыд уæларв Куырдалæгонмæ йæхи сæрынмæ. «Батрадз æндон уыд, фæлæ ды басудздзынæ æмæ тæригъæд дæ», — зæгъы йын Куырдалæгон, фæлæ уый нæ сæтты. Куырдалæгон бирæ дзурын нæ уарзта, бавæрдта Алæфы куынцгомы æмæ йæм куынц сарæзта. Куыддæр æм арт бахæццæ, афтæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта, басыгъдтæн, зæгъгæ. Куырдалæгон ма йæм æртыскæнæй бæргæ фæлæбурдта, фæлæ дзы сыгъдæтты йеддæмæ ницыуал баззади. Куырдалæгон сыгъдæттæ райста æмæ сæ æнæдзургæйæ бырæттæм акалдта[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.