Перейти к содержанию

Уон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

УонÆхсæртæггаты фыдæлтæй иу.

Хъæндзæргæс æй фæсхохмæ фæхаста, йæхицæн æй хъомгæс скодта, мидгъуын кæрцы цыд, æмæ йын слыскъ, хуры йын æмпылгæ кæны йæ къæрит, къæвдайы — ивæзгæ, афтæмæй цард. Сæ хистæр ахæм уавæры кæй ис, уый Батрадзæн бауайдзæф кодта Акула-рæсугъд. «Уый Хъæндзæргæсы исбонимæ куы рахæссай, уæд демæ симын бæгуыдæр æмбæлы мæныл», — зæгъы йын Акула.

Батрадз авдсæрон Хъæндзæргæсы амары æмæ суæгъд кæны Уоны, стæй йемæ уацары чи уыд, уыдоны — Мæйы чызг Мысырханы æмæ Хуры чызг Хорческæйы дæр. Мæйы чызг Мысырханы скæны Уоны бинойнаг, Хуры чызг Хорческæйы та — Хæмыцы бинойнаг[1].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.