Перейти к содержанию

Челæхсæртæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Челæхсæртæг
Æрд нæлгоймаг
Сывæллæттæ Бедуха
Кæм цæры Хызы фидар

Челæхсæртæг кæнæ Хызы фырт Челæхсæртæг у нарты кадджыты персонаж, Хызы фырт. Цæры Хызы фидары бæрзонд хохыл, ис ын кæнгæ базыртæ, æмæ дæлæмæ ратæхы.

Челæхсæртæджы чызг Бедухайы Сослан авд азы фæкуырдта, фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæвæрдта. Нæ йын æй радта, Алæгаты стыр куывды йын æй кафыны ерысы куы рамбылдта, уæд дæр. Æмæ йæм Сослан æфсадимæ Хызы фидармæ балæбурдта. Хæсты Челæхсæртæгæн Сослан цирхъæй йæ сæры фахс æрдавта. Хызы фырт уæларвмæ Куырдалæгонмæ ссыд, æрхуы сæры фахс скæнын кодта. Сæ хæцæн бон та куы æрцыд, уæд Сослан Хуыцаумæ скуывта, цæмæй ахæм хур скæна, æмæ цæгæр сæр тъæппытæ куыд хауа, æрхуы сæр зынг куыд кæна. Æрцыд йæ куывд, æмæ Хызы фырт Челæхсæртæгæн йе ’рхуы сæры фахс сзынг ис, æмæ йын йæ сæры магъз басыгъта. Афтæмæй уыцы ран амард.

Хызы фырт Челæхсæртæг Нартимæ хæларæй цард, фæлæ йыл æууæнк нæ уыд, йæ дзырдæн хицау нæ уыд. Арæхдзау Нарты куывдæй тæргайæ куы ацыд, уæд дæр йæ раздахыны тыххæй Сосланæн Бедуха-рæсугъдæй зæрдæ бавæрдта æмæ йæ фæсайдта[1].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.