Саумæрон Бурдзæбæх

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Саумæрон Бурдзæбæх у нарты кадджыты хъайтары ном, Айсанайы ус.

Саумæрон Бурдзæбæх ахæм мæсыджы бадти, æмæ йын йæ сæр цæст нæ уыдта, æмæ ахæм лæгæн куымдта, мæсыгæн йæ бынæй йæ сæрмæ йæ хъæр кæмæн фехъуыстаид. Бирæ усгуртæ йæм фæцыдис, фæлæ йæм дзы никæй хъæр сыхъуыстис, æмæ-иу цавддуртæ фестадысты. Айсанайы хъæр дæр æм не сыхъуыст, æмæ уæд йæ бæх ныууасыд. Мæсыджы цъуппæн бæхы уастæй йæ тигъ æркалди. Саумæрон Бурдзæбæх Айсанайы йæ бæхы уастæй базыдта æмæ йæм æрцыд йæ мæсыджы сæрæй. Уый рагацау зыдта, Айсана йæ хъысмæт кæй у, рахызт мæсыгæй æмæ йæ мойаджы фæсарц бабадт. Айсана Саумæрон Бурдзæбæхы рахаста уырдыгæй æмæ цæрынмæ æрцыдысты Нарты хъæумæ.

Саумæрон Бурдзæбæх æвæджиау хорз сылгоймаг уыд. Сосланы ус Айсанайæн йæ уайдзæфы фæстæ хуымæтæджы нæ загъта: «Цы дын стон, исты мын Саумæрон Бурдзæбæхы куынæ æрхастай?». Æмæ йæ уыцы ныхасы фæстæ æрхаста. Саумæрон Бурдзæбæхмæ ис зæлдаг кæлмæрзæн. Галиуæрдæм æй куы разилы, уæд тыхгæнджытæ цавддуртæ фестынц, рахизæрдæм æй куы фæзилы, уæд та — лæгтæ[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.