Бурхорали
Внешний вид
Бурхорали | |
---|---|
Тип | бардуаг |
Æрд | нæлгоймаг |
Фыд | Хорæлдар |
Бурхорали, Бурхоралы[1] кæнæ Бурхор, дыг. Борхуарали[1] — ирон мифологийы хоры зайæгхалты æмæ тыллæджы[2] бардуаг, хорæрзады бардуаг Хорæлдары фырт. Кувæг адæм Бурхоралийæ куырдтой, цæмæй хъæууонхæдзарадон куыстыты рæстæг æххуыс кæна хуым кæнын, тауын, похцийæ ласынмæ æмæ æнд. уымæн æмæ сæм афтæ каст, æмæ хорæрзады бардуаг Хорæлдар куы фена, йæ фырт куыд фæллой кæны, уый, уæд йæ фыртæн æмæ уыимæ, кæмæн æххуыс кодта, уыцы адæмæн дæр ратдзæн хорарæх, бирæ хор. Нарты кадджыты иуæй-иу хатт Бурхорали йæ фыд Хорæлдары сурæтимæ сиу вæййы.[3]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.
- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.
- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.