Сæуæссæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сæуæссæ
Æрд нæлгоймаг
Ус Донбеттыры чызг
Сывæллæттæ Борæ, Дзылæу, Болатбæрзæй

Сæуæссæ — ирон Нарты кадджытæм гæсгæ Нартæй сæ фыццаг, ацы дунейы чи фæзынд, уый.

Нарты кадджытæн сæ фыццаг кадæг райдайы, Зынджыбардуаг Хуыцауæн Сæуæссæйы куыд сфæлдысын кодта, ууыл тæурæгъæй. Кадæгмæ гæсгæ Зынджыбардуаг райдыдта арт кæнын, æмæ артæн йæ фæздæг арвмæ цыд æмæ дзуæртты хъыгдардта. Дзуæрттæ йыл смæсты сты, æмæ рацыдысты хъаст кæнынмæ Галæгонмæ. Галæгон артыл сдымдта, фæлæ арт ноджы тынгдæр сцырдта æмæ Зæххы цъар судзын байдыдта. Уый фæстæ дзуæрттæ рацыдысты Хуыцаумæ, æмæ йæ бафæрстой, цæмæй Зынджыбардуагæн исты сарæза. Хуыцау Зынджыбардугæн загъта, цæмæй йæ митæ ныууыдза, фæлæ уый йын ахæм дзуапп радта: мæ цахæрыл, дам, физонджытæ чи кæна æмæ дæумæ чи кува, ахæм адæймаджы куы сывзæрын кæндзынæ, æрмæст уæд ныууадздзынæн дзуæррты хъыгдарын. Хуыцау лæджы сывзæрын кодта, æмæ йæ Зынджыбардуагмæ æрхаста. Зынджыбардуаг йæ арты бахсыста, сæумæдоны йæ ныппарста, æмæ уыцы лæг цъæх æндон феста. Уыцы лæджы Зынджыбардуаг Сæуæссæ ысхуыдта, дунемæ сæуыскастыл кæй фæзынд, уымæн.

Зынджыбардуаг Сæуæссæйæн радта арт кæнынæн мигæнæнтæ æмæ йæ цæрынмæ рарвыста. Уый фæстæ Сæуæссæ цуанмæ фæцыд, æмæ æвæджиауы рæсугъд урс сагыл сæмбæлдта. Саджы Зилгæцады былы онг аййæфта, æмæ уæд саг йемæ дзурын райдыдта: Донбеттырты мад кæй у, æмæ иу чызг æмæ авд фырты йæм кæй ис, уый йын радзырдта, æмæ Донбеттыртæ йæ сæхимæ кæй хонынц, уый дæр. Сæуæссæ Донбеттыртæм рацыд, æмæ дзы сæ иунæг чыдзжы ракуырдта. Чындзæхсæвы фæстæ уыдонæн æртæ фырты райгуырд — Борæ, Дзылæу æмæ Болатбæрзæй. Афтæ равзæрдысты Нартæ.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Сказания о Нартах; в 5-ти томах. Том I. /Сост. К.Ц. Гутиев — Орджоникидзе. Ир, 1989 — 496-с