Хъæндзæргæс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæндзæргæс
Тип уæйыг
Æрд нæлгоймаг

Хъæндзæргæс — сур зæхх æмæ доны тыгъдады хицау, нарты сæйрагдæр знæгтæй иу. Хъæндзæргæс æвдыст цæуы бынтон егъау авдсæрон æбуалгъ цæрæгойы хуызы. Ис ын, хатгай дзы чи фæхицæн вæййы, ахæм дыууæ базыры. Холыагур ратæх-батæх кæны денджыз æмæ сур зæххы сæрмæ. Иуæй-иу таурæгъты æмбæлы авдсæрон уæйыджы хуызы. Хъæндзæргæсæн ис æвирхъауы хъару, скъæфы нарты рæсугъд чызджыты, уацары кæны нарты хуыздæр хъайтарты; йæ мæлæт ссардта лæгæй-лæгмæ тохы Батырадзы къухæй.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.