Барастыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Барастыр, дыгур. Барастæр, Барастур, Баруастур[1]ирон адæмы традицион уырнынады у Мæрдтыбæсты хицау. Уæлæуыл цыдæриддæр ис, уыимæ удæгас адæм дæр, уыдон сты Стыр Хуыцауы фæрцы. Чи амæлы, уыдон та бахауынц Мæрдтыбæстæм, Барастыры дæлбармæ. Барастырмæ стыр бартæ ис. Цалынмæ адæймаг амæла, уæдмæ йын йæ бæстæм фæндаг нæй, куы амæла, уæд та йын цардмæ фæстæмæ раздæхæн нал и.

Уым — Мæрдтыбæсты — алцыдæр ис Барастыры къухы. Уый зоны, уæлæуыл чи куыд фæцард, æмæ йын уымæ гæсгæ Мæрдтыбæсты тæрхон кæны, дзæнæтмæ йын æмбæлы, æви йæм зындоны хъизæмæрттæ æнхъæлмæ кæсынц. Уыцы хъуыддаджы йæ рæстзæрдæдæр æххуысгæнджытæ сты Мæрдтыбæсты дуаргæс ставдæнгуылдз Амултахъ æмæ æгъдауæвæрæг Аминон. Уыдоны фæрцы алцыдæр ис йæ уагыл.

Барастыр иузæрдион у Нартыл. Уæлдай тынгдæр та ауды æнахъомæй мард æнæхин сабитыл. Рæвдауы сæ. Уырызмæджы æнæном лæппуйæн та йæ бадæн ис Барастыры уæрагыл. Æмæ ма йæ суанг рæстæгмæ уæлзæхмæ дæр рауадзы. Кæсæм кадæджы:

«

Уæд æй иуахæмы Барастыр фæрсы:

- Цæмæн æнкъард дæ, лæппу?

- Ацал-ауал азы рацыди, Мæрдты бæстæм куы 'рбацыдтæн, уæдæй ардæм. Мæ фыд Уырызмæг ма æцæгæлон адæмы кой дæр кæны, фæлæ мæ кой - нæ, марды кæнд мын нæй, иннæ мæрдтæй уæлдай дзæгьæл дæн æз ацы ран! Барастыр, курын дæ - Мæрдтыбæстæй мæ ауадз: æз мæхæдæг куы нæ бакæнон мæхи кой, уæд мæ фыдæй рохуаты баззадтæн. Дзырд дын дæттын: афæдзы кæндæн мæ цы хъæуы, уый куыддæр ссарон мæхи фæллойæ, афтæ фæстæмæ ам æмбæлдзынæн.

- Дæ зæрдæхудт райсын мæ нæ фæнды, фæлæ уымæн фæрæз не рцæудзæн, - загъта Барастыр. - Куыддæр мæрдтæ уый базоной, афтæ дзы иу дæр ам нал фæлæудзæн, ныр дæр тыххæйты лæууынц Мæрдтыбæсты.

- Уымæн дын æз амал скæндзынæн: мæ Аласайæн йæ цæфхæдтæ фæстæрдæм асадздзынæн: мæрдтæ мæ фæдыл Мæрдты дуармæ куы фæуой, уæд сын-иу зæгъ: «Æркæсут, æмæ кæд мæрдтæй æддæрдæм уа фæд, уæд уæ нал уромын, фæлæ, æвæдза, фæд мидæмæ цæуы, уæд уын дзæгъæлы змæнтын, коммæ нæ кæсын айв нæу». Барастыр сразы.

»

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.