Æфсæрон
Внешний вид
Æфсæрон | |
---|---|
Тип | уæйыг |
Æрд | нæлгоймаг |
Сывæллæттæ | Алæф |
Æфсæрон — сохъыр уæйыг. Нарты кадджыты цæры уæлхох ран.
Адæмон сфæлдыстад иртасджытæ йæ хонынц авдсæрон. Æвæццæгæн, растдæр уыдзæн, йæ ном ын æфсæримæ куы бабæттæм, уæд. Ома, стыр æфсæрджын. Куыд фæсохъыр, уый тыххæй та нын бæлвырд дзуры кадæг «Батрадз æмæ Сохъыр уæйыг Æфсæроны фырт Алæф». Йæ фырт хъал Алæф Нарты симдмæ цæуынвæнд куы скодта, цон хорз фæсимон, фæхынджылæг кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзаумæттæ схæссон, зæгъгæ, уæд ын афтæ зæгъы:
Уæ, ма кæ, ма ацу, Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты фыдбылыз скæндзæн, – уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Æз дæр дæ хуызæн хъал уыдтæн, фæлæ мыл иу хатт Нарты фæсивæд фембæлдысты, загъд сæ ракъахтон æмæ, кæсыс, мæнæ, мæ цæст мын сæппæрстой |
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.