Перейти к содержанию

Бедуха

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бедуха
Æрд сылгоймаг
Фыд Челæхсæртæг
Мой Сослан

Бедуха у Нарты Сосланы ус, Хызы фырт Челæхсæртæджы чызг. Сослан æй куырдта, фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæвæрдта, уæд ын æй уый Алæгаты стыр куывды сæ быцæу, чи хуыздæр акафдзæнис, зæгъгæ, уым амбылдта. Хызы фырт мæстæйдзагæй фестади, абадтис йæ бæхыл æмæ афардæг йæ хæдзармæ — Хызы фидармæ. Фæсайдта Челæхсæртæг йæ дзырд. Сослан сфæнд кодта Хызы фидар басæттын, Бедухайы тыхæй байсын[1].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.