Сайнæг-æлдар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сайнæг-æлдар
Æрд нæлгоймаг
Сывæллæттæ Агуындæ
Кæм цæры Сау хох

Сайнæг æлдар у нарты кадджыты хъайтары ном, Агуындæйы фыд. Цардис Сау хохы сæр.

Нартимæ кæны хæстæгиуæг; у Борæты хæстæг дæр, Æхсæртæггаты хæрæфырт дæр æмæ Уырызмæджы фырттæй иуы кæнгæ фыд – хъомылгæнæг (аталыхъ) дæр.

Эпосы арæхдæр æвдыст цæуы нарты сгуыхтдæр бæгъатыртæ Сослан, Хæмыц æмæ Батрадзы, хатгай та – æппæт нарты знаджы хуызы. Сайнаг-æлдар арæх йæхи фæтъыссы нарты мыггæгты ’хсæн тохы æмæ куы иу мыггаджы фарс фæвæййы, куы иннæ мыггаджы сæрыл рахæцы, фылдæр хатт вæййы Борæты фарс. Нарты лæгтæ, Хæмыцы ахаст сæ устытимæ сæхицæн æфхæрдыл банымайгæйæ, сфæнд кодтой се ’фхæрæджы фесафын. Сайнаг-æлдар сын сæ фæнд сæххæст кодта – Хæмыцы амардта æмæ уый тыххæй сси йæ фырт Батрадзы туджджын æмæ йæ къухæй мæлæт ссардта (иннæ вариантты та фæмард нартимæ тохы)[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.