Перейти к содержанию

Хохы дзуар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хохы дзуар

Хохы дзуар[1] кæнæ Тербаты дзуар[1] у дзуар Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Гуыркъуымтыкомы Тъæбæгъæумæ ’ввæхс.

Æвдыст цæуы куыд аграрон дзуар. Уæлдай кадджын у Иры хæхбæсты. Хохы дзуар дæтты хоры тыллæг. Хъахъхъæны фос низтæй æмæ хъæддаг сырдтæй. Адæммæ куы смæсты вæййы, уæд рауадзы их æмæ сын сæ хуымтæ ныццæгъды; рауадзы тæрккъæвдатæ æмæ ракæлынц лами дурзæйтæ, ралæбырынц хохы фæхсътæ. Афтæ нымадтой, зæггæ, Хохы дзуар цæры Гуыркъуымтæгомы, йæ кувæндоны, уæлæуæз, хæхты. Сæрд йæ кувæндоны кодтой куывд. Æргæвстой уæрыкк æмæ табу кодтой бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1 2 Цагаева А. Дз. Топонимия Северной Осетии — Владикавказ: Ир, 2010 — с. 623.
  2. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]