Рыныбардуаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Рыныбардуаг кæнæ Рыны бардуаг, Ныры бардуаг[1] — раздæр-иу Ирыстоны арæх чи фæзынд æмæ ахæлиу, уыцы рынты бардуаг ирон мифологийы. Ирон адæм куыд æнхъæлынц, афтæмæй Рыныбардуаг у æвирхъау цæрæгой, нæй йын бæлвырд хуыз. Хицæн æууæлтæ æмæ сæрмагонд миниуджытæй хайджын кæй у, уымæ гæсгæ йын нæй бæлвырд кувæн бон кæд иуæй-иу хъæуты йæ номыл кувæндæттæ ис, уæддæр. (Æрмæст Цъамады хъæубæстæ иннæ хъæутæй хъауджыдæр алы аз дæр Рыныбардуаджы номыл кодтой куывд æмæ йын æргæвстой нæл фыс йæ кувæндоны, хъæумæ ’ввахс). Æмтгæй райсгæйæ, æгас Ирыстоны Рыныбардуагæн табу кодтой æмæ дзуары фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ куывтой æрмæстдæр уæд, æмæ-иу адæмыл рын куы сыстад, куы ахæлиу.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — Владикавказ: ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2015. – 599 с.
  2. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.