Перейти к содержанию

Мæрдты бæстæ (ирон мифологи)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Мæрдты бæстæирон адæймаджы уырнынадмæ гæсгæ Æцæг дуне. Адæймаг, дам, зæххыл цæры рæстæгмæ, уымæй дæр хъизæмары цардæй, фæлварæны хуызæн, æмæ уыцы фæлварæны йæхи чи куыд равдиса, ахæм хъысмæт ын уыдзæн йæ æнæфæугæ царды Мæрдты бæсты. Йæхи уæлæуыл, зæххон царды чи куыд равдыста, уымæ гæсгæ Мæрдты бæсты цы уавæрты сты, уый ирдæй æвдыст цæуы кадæг «Сослан Мæрдты бæсты»-йы. Ацы кадæг у царды философи, кæд ныхас мæрдтыл цæуы, уæддæр стыр ахъаз у цард бирæвæрсыгæй хуыздæр банкъарынæн, адæймагæн йæ митæ æмæ йæ хъуыддæгтæн раст аргъ скæнынæн.

Мæрдты бæсты хицау у Барастыр, йæ дуаргæс ставдæнгуылдз; Амултахъ, ног мæрдты Барастыры раз чи æрлæууын кæны, æмæ сын тæрхон кæимæ кæны, уый – Аминон. Мæрдты бæстæм Хуыцауы æвастæй фæндаг удæгасæй бацæуыны бар никæмæн ис. Æрмæст дзы Нарты Сослан дыууæ хатты уыд удæгасæй йæ тыхы фæрцы æмæ йын иу хатт фæстæмæ раздæхын Барастыры фæрцы бантыст, иннæ хатт та – йæ мард ус Бедухайы. Мæрдты бæстæйы ис авд дæлдзæхы, Зындон, Дзæнæт, Дзæнæты суадон, Цъæх нæу, Цæхæрадон, Зындоны цад, дæлимонты бынат, дæлимонты зындон æмæ æндæртæ. Мæрдты бæстæй фæстæмæ раздахæн нæй. Æрмæст дзы Уырызмæджы æнæном лæппу æмæ Хæмыц рæстæгмæ рацæуынц æмæ та баздæхынц[1].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.