Донбеттыртæ
Донбеттыртæ — цæрынц фурдты æмæ денджызты доны бын. Се ’гъдæуттæй, сæ митæй сты нæртон адæмы æнгæс. Доны бын сын ис галуантæ æмæ сæм нартæй исчи куы бафты, уæд æй суазæг кæнынц. Афтæ уыд, Борæ сæм, цуангæнгæйæ, æхсæв æввахс куы бафтыд, уæд. Фæхуыдтой йæ æмæ ма йын дыккаг бон йемæ æмбал дæр рарвыстой. Уый йын бацамоны дæлдон цæуыны сусæгдзинад.
Нартæ æмæ Донбеттырты ’хсæн ис хæстæгдзинад. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сатана сты сæ хæрæфырттæ: сæ мад Дзерассæ у Донбеттыры æртæ чызгæй иу. Нарты Сатана йе ’нæном лæппуйы хъомыл кæнынмæ радты Донбеттыртæм. Уырызмæг æмæ Хæмыц куы фæбыцæу вæййынц, чи сæ хистæр у, ууыл, уæд ын Уастырджи бацамоны мæсыг амайынмæ йæ мадырвадæлтæй æххуыс бацагурын. Æрмæст, цæмæдæр гæсгæ, Донбеттыртæ доны бынæй уæлзæхмæ цæуынц æхсæвыгон. Нарты фæткъуы давынмæ Дзерассæ йæ æртæ хоимæ цыд æхсæвыгон. Уырызмæгæн дæр мæсыг Донбеттыртæ амадтой æхсæвыгон.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.