Æфсæнвæндаг
- Æфцæджы тыххæй кæс Æфсæнвæндаг (æфцæг).
Æфсæнвæндаг у транспорты хуыз, кæцы уазтæ æмæ пассажиртæ ласы рельсон фæндæгтыл. Рельсытæ сты згъæрæй конд, уымæй йæ ном.
Æфсæнвæндаджы хицæн хуызтæ сты иумæйаг пайдайы æфсæнвæндæгтæ (уырыс. общего пользования), куыстуæтты æфсæнвæндæгтæ, сахары æфсæнвæндæгтæ (трамвай æмæ метрополитен).
Æфсæнвæндæгтæ вæййынц иувазыг æмæ дывазыг. Суткæйы дæргъы бирæ поездтæ кæм нæ вæййы, уым-иу иувазыг фæндаг аразынц.
2006-æм азмæ иумæйаг пайдайы æфсæнвæндæгты дæргъ уыдис 85 000 км, трамвайы фæндæгты дæргъ — 2800 км, метрополитены дæргъ — 440 км. Уæрæсейы стырдæр æфсæнвæндæгон компани у гом акционерон æхсæнад «Уæрæсейы æфсæнвæндæгтæ» (уырыс. «Российские железные дороги»). Фæндæгты дæргъмæ гæсгæ стырдæр метрополитен у Мæскуыйы (кæс Мæскуыйы метрополитен), трамвайы системæ та — Бетъырбухы (кæс Бетъырбухы трамвай).
Дунейы стырдæр æфсæнвæндаджы системæтæ сты:
№ | Бæстæ | Дæргъ (км) |
---|---|---|
Æппæт дуне | 1 122 650 | |
1 | АИШ | 226 427 |
2 | Уæрæсе | 87 157 |
3 | Китай | 77 834 |
4 | Инди | 63 327 |
5 | Канадæ | 46 688 |
6 | Герман | 41 896 |
7 | Австрали | 37 855 |
8 | Аргентинæ | 31 409 |
9 | Франц | 29 213 |
10 | Бразили | 28 857 |
11 | Япон | 23 506 |
13 | Украинæ | 21 655 |
14 | ХАР | 20 872 |
15 | Итали | 19 729 |
Иуæй-иу бæстæты, уыдоны ’хсæн стыргомæуттæ дæр, æфсæнвæндæгтæ бынтондæр нæй. Ахæмтæ сты Афгъанистан, Чад, Экваториалон Гвиней æмæ ма æндæртæ.
Цæгат Ирыстоны фыццаг æфсæнвæндаг фæзындис XIX æнусы, Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг куы арæзтæуыд 1888-æм азæй, уæд. Ныр дæр уыцы æфсæнвæндаг тынг ахсджиаг у республикæйæн, стæй йемæ цы куыстуæттæ баст сты, уыдон дæр — Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн завод æмæ æндæртæ.