Википеди:Вики уарзы Кавказ 2020

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Вики уарзы Кавказ 2020» у вики-марафон, цæудзæнис 2020-æм азы 1-æм октябрæй 31-æм октябры онг. Марафоны сæр у Кавказимæ баст уацтæ фыссын. Йæ нысан у Кавказы географион объекттæ, культурæ æмæ фенддæгты тыххæй ног уацтæ ныффыссын алыхуызон æвзæгтыл. Марафоны бацархайыны бар ис алы архайæгæн дæр, Википедийы алы хайады дæр.

Цæгат Кавказы æвзæгты тыххæй куы дзурæм, уæд конкурсы сæйраг нысан у уыцы æвзæгтыл (ирон, лекъаг æмæ цæцæйнаг) кавказаг темæ рапарахат кæнын, архайджыты æхæсæнад Вики-змæлдимæ баиу кæнын, уыцы æртæ хайæдтæм ног архайджытæ ссарын. Фыссын хъæуы алы æвзагыл дæр æрмæстдæр сыхаг республикæтæ æмæ бæстæты тыххæй, кæрæдзийы тыххæй фыссæм, ирон темæтыл та — æрмæст конкурсы æдде.

Марафон аразынц Викимедиа Уæрæсе, Цӕгат Кавказы Википеди архайджыты къорд, Доны викимедийæгты къорд, Азербайджаны викимедийæгты къорд æмæ Гуырдзыстоны викимедийæгты къорд.

Конкурсы сæйраг нысантæй иу у кавказаг Викимедиаты æхсæн æмгуыстад фæтынг кæнын, Викимедиа-проекттæ дарддæр парахат кæнынæн фидар бындур сæвæрын.

Фæткойтæ

  • Конкурсы архайыны бар ис алы регистрацигонд архайæгæн дæр (регистрацийы датæ уæлдай нæу).
  • Уацы темæ хъуамæ баст уа Кавказы цыфæнды географион объект, культурон æууæл кæнæ фенддагимæ. Цæгат Кавказы алы регионы тыххæй дæр (æнæ Цæгат Ирыстон), Фæскавказы алы раны тыххæй дæр (æнæ Хуссар Ирыстон) æмæ та Ростовы облæсты тыххæй дæр. Уацтæ идейæтæ разæвæрд сты мæнæ ам: Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомих.
  • Уац конкурсмæ исынæн хъуамæ дзуапп дæтта ахæм домæнтæн:
    • Уац ирон æвзагыл саразын хъæуы (кæнæ та зæронд уацмæ бирæ бафтæуын) 2020 азы 1 октябрæй 31 октябры онг.
    • Конкурсы архайæг уыцы уац сарæзта кæнæ та æндæр архайæджы уацмæ бирæ бафтыдта; бавæрды æппынкъаддæр бæрцуат у 150 дзырды (изначальный объём существующей статьи не должен превышать 6000 байт).
    • Ног уацы хъуамæ уа æппынкъаддæр 2500 байты æмæ 200 дзырды.
    • Уацы предмет хъуамæ уа ахадгæ, тексты мидæг хъуамæ амынд уой ратæдзæнтæ.
    • Уацтæ хъуамæ уой хæрзхъæд. Алы дызæрдыггаг хъуыды хъуамæ фидаргонд уа авторитетон ратæдзæнтæй.
  • Уæлахизгæнджынты-иу куы бæлвырдæуыдзысты, уæд жюри æркæсдзæнис куыстыты хæрзхъæддзинад æмæ нымæцмæ. Хæрзхъæд уац хъуамæ уа бæрцуатæй зынгæ, хъуамæ дзы уой нывтæ, йæ темæ æххæстæй афыссын хъæуы, хъуыдытæ — ратæдзæнтимæ сбæлвырд кæнын, текст — аивæй аразын.
  • Жюрийы бон у архайæджы конкурсæй раппарын, уый «намысджынæй куы нæ архайа», уæд. Ахæм хæлдтыты æхсæн сты роботтæй пайда кæнын, иу суткæйы фылдæр ног уацы тыххæй нæ фехъусын кæнын, рагагъоммæ фыст уацтæ къордгай равæрын стæй та иннæ къуылымпыгæнæг архайд.

Призтæ

Викимедиа Уæрæсе æмæ Доны викимедийæгты къорд марафоны уæлахизгæнджытæн радих кæндзысты æртæ призы.

  • Фыццаг бынат :
    Йæ аргъ 15 000 сомы кæмæн у, ахæм электронон гæрз; райсдзæн æй, æппынкъаддæр 35 уацы чи ныффыса, ахæм архайæг.
  • Дыккаг бынат :
    Йæ аргъ 8 000 сомы кæмæн у, ахæм электронон гæрз; райсдзæн æй, æппынкъаддæр 25 уацы чи ныффыса, ахæм архайæг.
  • Æртыккаг бынат :
    Йæ аргъ 5 000 сомы кæмæн у, ахæм электронон гæрз; райсдзæн æй, æппынкъаддæр 15 уацы чи ныффыса, ахæм архайæг.


Конкурсы архайджытæ[Бындур ивын]

Цæттæ уацтæ хъуамæ бафтауай таблицæмæ. Конкурсы архайынц æрмæстдæр, таблицæйы чи сты, уыцы уацтæ.

Архайæг Уацтæ Конкурсæн чи бæззы, ахæм уацты нымæц Конкурсы баллтæ
Amikeco (ныхас) Новопавловск, Сау денджызы кавказаг былгæрон, Гуырдзыстоны дзуттæгтæ, Севан, Степанян, Ерванды фырт Калин, Акопян, Арам Хачатуры фырт, Сомихы уæлвæз, Алиев, Азер Илгар оглы, Вардан Аревелци, Марр, Николай Яковы фырт, Адонц, Николай Георгийы фырт, Турнава, Нателæ, Каладзе, Къахабер Карлы фырт, Чикобава, Арнольд Степаны фырт, Гамкрелидзе, Тамаз Валерианы фырт, Церетели, Георгий Василийы фырт, Магометов, Александр Амары фырт, Гамкрелидзе, Реваз Валерианы фырт, Дилярæ Алиева, Теймураз II, Музакаев, Дикалу Абузеды фырт, Хаханты Алыксандр, Сомихы цæдтæ, Шанидзе, Акакий Гаврилы фырт, Лазаревты скæсæйнаг æвзæгты институт, Ереван (2) 26 27
Уалион (ныхас) Дарбинян, Армен Размикы фырт, Чегемы æхсæрдзæнтæ, Дæллаг Чегем, Дербенты сис, Щипс, Тер-Ованесян, Даянæ Ованесы чызг, Эмин, Геворг, Гамзатов, Расул Гамзаты фырт, Оганесян, Беатрис, Далгат, Эльмирæ Муртазалийы чызг, Шах-Азиз, Смбат Симоны фырт, Дыхтау, Безенги (альплагерь), Ахматова, Раисæ Солтамурады чызг, Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæн, Хушто-Сырт, Балхъары Цæрæк, Аддала-Шухгельмеэр, Арутюнян-Сарьян, Аракси Арцруны чызг, Айламæ, Севанаванк, Моладзандон Кобайр, Абазаг адæм, Арагац,Тебердайы æрдзæвæрæн, Теберда (цæугæдон), Шахдаг (хох),Фрик (поэт), Аракс, Кавказаг хъæддаг гæды, Сомихы гæдытæ, Шапсугаг адæм, Дагъистайнаг дзæбидыр, Аксаут (цæугæдон), Дурян, Петрос, Сомихы æрдзы паддзахадон музей, Ереван Картæ, Азербайджанаг гæккуыри, Рубас (цæугæдон), Хинкъалитæ, Лаго-наки 41 41
Taamu (ныхас) Дæллаг Чъала (нет 200 слов) 1 0
Sofie Tole (ныхас) Триалеты петроглифтæ 1 1

Организатор[Бындур ивын]

Жюрийы уæнгтæ[Бындур ивын]

Æрвитæнтæ[Бындур ивын]

Azerbaijani Wikimedians User Group Wikimedia UG Georgia Don Wikimedians User Group Wikimedia Russia Wikipedians of North Caucasus User Group