Аракс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Аракс
Аракс азарбайджайнаг-ирайнаг арæныл
Аракс азарбайджайнаг-ирайнаг арæныл
Характеристикæ
Дæргъ 1072 км
Бассейн КъуарКъаспы денджыз
Доны хардз 285 м³/с
Цæугæдоны цыд
Гуырæн
 · Гуырæны бынат Бингёлы рагъ
 · Бæрзæнд ≈ 3000 м
Донæфтæн Къуар
 · Бынат Сабирабады цур
Ран
Паддзахæдтæ Турк Турк,
Сомих Сомих,
Азербайджан Азербайджан,
Иран Иран
Аракс (Кавказ)
гуырæн
донæфтæн

Ара́кс (тур. Aras, сом. Արաքս (Aɹakʰs), азерб. Araz, перс. ارس, Aras) у Фæскавказы цæугæдон, Сомихы уæлвæзы центрон хайы. Йæ донгуырæттæ ’мæ донысæртæ уæвынц нырыккон Турчы территорийы арæнты. Йæ астæуккаг цыды Арксы ууылты дзæвгар айтыгъдыл цæуынц Сомихы æмæ æнæбанымад Уæлхох Карабахы Республикæйы арæнтæ, цæугæдоны донæфтыд Къуар-Араксы дæлвæз Азербайджаны арæнты онг. 1991-æм азæй Араксыл цыд Советон Цæдисы хуссар паддзахадон арæн. Араксы цæугæдон сси арæн Уæрæсейы импери æмæ Ираны (Персы) ’хсæн Гюлистаны (1813) æмæ Туркменчайы (1828) сабырады бадзырдтæм гæсгæ.

Ном[ивын | Бындур ивын]

Фыццаг хатт цæугæдоны кой скодта рагон бердзенаг географ Гекатей Милетски VI æнусы Араксы номæй. Ноджы рагондæр ратæдзæнты æмбæлынц варианттæ Ракс, Арос, Арас æмæ Араз. Уырыссаг традицион ном Аракс равзæрд рагбердзенаг æвзагæй. Цæугæдоны рагсомихаг æвзагыл хуыдтой Ерахс[1], нырыккон сомихаг æвзагыл хуыйны Аракс. Цæугæдоны азербайджанаг ном — Араз, туркагау — Арас, персайнагау — Эрес. Цæугæдоны этимологи бæлвырд бæрæг нæу.

Рагсомихаг историон традици Ерахсы ном бæтты таурæгъон паддзах Арамаисы фырт Ерастимæ[2]. Нырыккон иртасджытæ йæ барынц Аргишти I-ы æмдуггагимæ, Урартуйы принц Ерастимæ. Уымæн йæ хицауиуæгтæ уыдысты Арараты дæлвæзы, Араксы цæугæдоны дæргъмæ[3]. Кæцыдæр нырыккон иртасджытæ цæугæдоны ном бæттынц рагон ирайнаг æвзагимæ *a-raxša, тæлмац кæны куыд «тар, лакъон».

Евгений Поспелов — топонимикæйы хайады æмæ картографийы специалист йæ цæст бадардта тюркаг дзырд араз-мæ («фæрссагдон», «цæугæ дон»).

Географи[ивын | Бындур ивын]

Аракс у Къуары иуыл стыр рахиз фæрссагдон. Сомихы уæлвæзы иуыл стыр цæугæдон. Йæ дæргъ — 1072 км, бассейны фæз — 102 мин км². Доны рæстæмбис хардз — 285 м³/с. Наудзыдæн нæ бæззы. Пайдагонд цæуы донхæр кæнынæн. Араксыл уæвы азербайджайнаг-ирайнаг гидротехникон комплекс «Аракс». Сомихы территорийæ Араксы бассейнмæ хауы 76 % .

Сахартæ Араксы былыл: Джульфа, Ордубад (Нахичеваны Автономон Республикæ), Агарак, Мегъри (Сомих), Саатлы (Азербайджан), Сиах-Руд (Иран).

Йæ ратæдзæнтæй Бингёлы рагъæй Ахуряны цæугæдоны бакæлæны онг, Аракс у хæххон цæугæдон, йæ фылдæр хай цæуы нарæг комыл. Фыццаг цæуы цæгаты ’рдæм, стæй Мурцы цæугæдонимæ куы баиу вæййы, уæд фæзилы скæсæнмæ æмæ лыг кæны Хъарсы уæлвæз. Уый фæстæ Аракс бахауы нарæг коммæ, уыцы комы баиу вæййы Ахурянимæ ’мæ рахизы Арараты фæзмæ. Ам донбылтæ свæййынц ныллæг, цæугæдон та дих кæны фæрссагдæттыл. Ведийы цæугæдоны доныфтæнæй бындæр Аракс бахизы коммæ, кæцы йæ ракæны Нахичеваны фæзмæ. Нахчыванчайы бахауæнæй бындæр Аракс бацæуы каньонмæ ’мæ Къуар-Араксы дæлвæзы онг тæдзы фылдæр хаййæ ныллæг фæзыл. Фæстаг 100 км Аракс цæуы Муганы æмæ Милы фæзты донвæддыл æмæ хауы Къуармæ Сабирабады сахары территориалон арæнтæм ’ввахс.

Цæугæдоныл 1970-æм азы амадæуыд советон-ирайнаг (ныр азербайджанаг-ирайнаг) гидроæлхынцъ Аракс, 2010-æм азы дзы самадтой Худаферины ГЭС-ы ауæзт (ирайнаг территорий, кæцы контролгонд цæуы Уæлхох Карабахы Республикæйæ)[4], 2012-æм азæй дзы аразынц ирайнаг-сомихаг Мегрийы ГЭС.

Уымæй уæлдай ма дзы арæзтæуы Ирайнаг-Азербайджайнаг ГЭС Гыс Галазы.

Аракс антикон авторты кустыты[ивын | Бындур ивын]

Араксы кой цæуы антикон авторты куыстыты. Афтæ, зæгъæм, Аппин фыста æмæ Аракс хаудис Къуармæ. Старбон хуыдта Араксы Сомихы æмæ Атропатенæйы арæн. Антикон географмæ гæсгæ цæугæдон цыд Араксы фæзыл Сомихы йæ скæсæны арæны онг Къуары.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

  • Аракс // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1890—1907.
  • Аракс // Большая советская энциклопедия : [в 30 т.] / гл. ред. А. М. Прохоров. — 3-е изд. — М. : Советская энциклопедия, 1969—1978.
  • Аракс // Словарь современных географических названий / Рус. геогр. о-во. Моск. центр; Под общ. ред. акад. В. М. Котлякова. Институт географии РАН. — Екатеринбург: У-Фактория, 2006.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Вейденбаум, Евгений Густавович
  2. Мовсес Хоренаци, «История Армении». Датæ: 2019-æм азы 27 июлы., кн. I, гл. 12
  3. Р. Хьюсен. «The Primary History of Armenia»: An Examination of the Validity of an Immemorially Transmitted Historical Tradition. History in Africa, Vol. 2 (1975), pp. 91-100, стр. 93(англ.). Датæ: 2019-æм азы 27 июлы.
  4. Худаферинская ГЭС: Секретная плотина на Араксе — РусГидро. Датæ: 2019-æм азы 27 июлы.