Чегемы æхсæрдзæнтæ
Чегемы æхсæрдзæнтæ — æрдзон фенддаг, цæугæдæттæ Адайсу, Сакал-Туп æмæ Каяарты цы къорд æхсæрдзæны æмбæлы, уыдоны иумæйаг ном. Æмткæй амынд дæттæ æппынфæстаг бакæлынц, Чегемы цæугæдонмæ. Сæ баиуы бынат æрхастой Чегемы районмæ; Кæсæг-Балхъары Республикæ, Уæрæсе. Амынд фенддæгтæм хæстæгдæр цæрæнрæттæ сты хъæутæ Дæллаг Чегем æмæ Хушто-Сырт. Егъау кæй схонæн ис, ахæм бынæттæй та æхсæрдзæнтæм хæстæгдæр у горæт Чегем, йæ централон район у æрдзон диссагæй 44 километры дæрддзæф. Республикæйы сæйраг сахар, Налцыкк, æрбынат кодта 55 километры дарддæр.
Афыст
[ивын | Бындур ивын]Чегемы æхсæрдзæнты къорд арæзт у æртæ æхсæрдзæнæй[1]. Чегемы комыл хуссарæрдæм куы хизай, уæд Дæллаг Чегемы хъæуæй дыууæ километры фалдæр фæвæййы Чысыл Чегемаг æхсæрдзæн, кæнæ Адай-Су («Чызджы дзыкку»). Уый æркæлы Чегемдонмæ рахизырдыгæй цы æмном фæрсагдон бафты, ууыл. Æхсæрдзæн фæндагæй 200 метры фалдæр ис æмæ æддаг бакастæй цыма егъау дурын нук у, афтæ зыны. Уыцы нукыл дæлæмæ хауы Адайсу-цæугæдоны лæсæн. Ацы фыццаг æхсæрдзæн æппæт къорды дæр тыхджындæрыл нымад цæуы, йæ бæрзæнд хæццæ кæны 30 метрмæ. Дарддæр, Хушто-Сырт хъæуы хуссæртты райдайы Чегемы нарæг (Су-Аузу — «Хъуырæй дон»); комы уæрх тæккæ нарæджы нæу 25 метрæй фылдæр. Ацы къуындæг раны æрбынат кодтой Стыр Чегемы æхсæрдзæнтæ. Уыдонæй фыццаг бæлццоны раз фегуыры Сакал-Туп цæугæдоны æркæлæн. Раздæрон æхсæрдзæнау ай дæр дурын нучы æнгæс у, фæлæ йæ бæрзæнд æмæ доны цавд дзæвгар къаддæр сты.
Ацы ранæй ма хуссармæ километры ’рдæг куы айгæрдай, уæд разыны Сæйраг Чегемы æхсæрдзæн, йе сфæлдисæг цæугæдон Каяартымæ æфтыдæй. Ацы цæугæдон дæр фæстæдæр Чегеммæ рахизырдыгæй бакæлы. Амынд æхсæрдзæн Чегемæгты æхсæн нымад у тæккæ тæмæссагдæрыл, уымæн æмæ фактиконæй у каскадтæй арæзт æхсæрдзæн; чи дзы, къæпхæнгай, æрхауы 50–60 метры бæрзондæй, кæцыдæртæ та къæдзæхты скъуыдтæй лæдæрсынц къулвахсы уæллаг хайæ. Уыцы къæпхæнтыл хаугæйæ доны пырхæнтæ лыстæгæй-лыстæгдæр кæнынц, æрттивынц хуры рухсмæ æмæ тæмæн калынц[2].
Чегемы æхсæрдзæнтæ сты Кæсæг-Балхъары туристон фенддæгтæй иу, ардæм арæх æрбаласынц туристы къордтæ Кавказы Суардæттæй æмæ Цæгат Кавказы æндæр регионтæй. Бынæттон туристон инфраструктурæ тынг хъæздыг нæу, ис дзы чысыл фысымуат æмæ кафе.
Иллюстрацитæ
[ивын | Бындур ивын]-
Чысыл æхсæрдзæн
-
Сакал-Туппы æхсæрдзæн
-
Чегемы нарæг
-
«Кæугæ» къæдзæхтæ
-
Чегем æмæ Чегемаг æхсæрдзæнтæ
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Гранильщиков Ю. В. Чегем, Твибер, Безенги. — М.: Физкультура и спорт, 1986. — (По родным просторам).
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Чегемские водопады
- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2019-æм азы 31 октябры.