Перейти к содержанию

Сомихы уæлвæз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сомихы уæлвæз (сом. Հայկական լեռնաշխարհ [Haykakan leṙnašxarh], уырыс. Армянское нагорье) у Раззаг Азийы хæххон регион, Раззаг Азийы æртæ уæлвæзтæн сæ мидаг. Уымæй скæсæнырдæм ис Ираны уæлвæз, ныгуылæнырдæм та — Чысыл Азийы уæлвæз.

Зынгæдæр хæхтæ

[ивын | Бындур ивын]
«Татевы базыртæ», дунейы даргъдæр канаты фæндæгтæй иу, Сомихы провинци Сюник

Сомихы уæлвæзыл ис æдæппæт цыппар хохы, кæцытæн сæ бæрзæнд 4 мин метрæй фылдæр у, стæй иунæг хох, кæцыйæн йæ бæрзæнд у 5 минæй фылдæр (Стыр Арарат). Иннæ зындгонд цъуппытæ сты:

  • Стыр Арарат (5165 м)
  • Себелан (4811 м)
  • Джило (4168 м)
  • Арагац (4090 м)
  • Сипан (Сюпхан) (4058 м)
  • Качкар (3937 м)
  • Чысыл Арарат (3925 м)
  • Капутджух (3905 м)
  • Газанасар (3841 м)
  • Сискатар (Сисакапар) (3826 м)
  • Паракан (3825 м)
  • Капуйт (Параканы хицæн цъупп) (3751 м)
  • Гомшасар (Гямыш) (3724 м)
  • Сехенд (3707 м)
  • Алун (Параканы хицæ цъупп) (3703 м)
  • Аждаак (3597 м)
  • Спитакасар (3560 м)
  • Мец-Ишханасар (3550 м)
  • Мрав (3340 м)
  • Кошатах (3317 м)
  • Абул (3300 м)
  • Немрут (2948 м).

Цæугæдæттæ æмæ цæдтæ

[ивын | Бындур ивын]

Бæстæйы цæугæдæттæ сæ дон ласынц Къаспы æмæ Сау денджызмæ, æмæ ма Персы бакæлæнмæ. Уæлвæзы зыднгонддæр цæугæдæттæ сты Къуар, Аракс, Евфрат, Тигр, Чорох.

Дæргъвæтиндæр цæугæдæттæ сты:

  • Евфрат (2736 км)
  • Тигр (1850 км)
  • Къуар (1515 км)
  • Аракс (1072 км)
  • Арацани (722 км)
  • Стыр Заб (473 км)
  • Чорох (438 км)
  • Ахурян (186 км)
  • Дебед (152 км)
  • Раздан (141 км)
  • Арпа (126 км)
  • Воротан (119 км)

Æдæппæт Сомихы уæлвæзыл ис 95 минæй фылдæр цæугæдæттæ, уыдонæй 4000 фылдæр сты 10 километрæй цыбырдæр.

Адæм цардысты Сомихы уæлвæзы незамантæй. Иу гипотезæмæ гæсгæ нырыккон бæх дарын æмæ æфсæйнаг кæнын тайыны дæсныйæдтæ амы рагон царджытæ æрымысыдысты[1][2][3]. Иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ (уыдоны ’хсæн Л. А. Миллер, Т. В. Гамкрелидзе, В. В. Иванов, О. С. Широков æмæ иннæтæ) Сомихы уæлвæз у æппæт индоевропæйаг адæмтæ кæцæй равзæрдысты, уыцы ран (куыд æй хонынц Сомихаг гипотезæ)[4][5][6][7]. Ууыл дзурæг сты ног генетикон иртæстытæ дæр, Дэвид Райхы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг индоевропæйаг æвзагыл чи дзырдта, уыдон цардысты Кавказæй хуссарырдæм, нырыккон Иран æмæ Сомихы, уымы рагон цæрджытæй ист ДНК, уыдон иннæ рагон популяциты фыдæлтæ кæй уыдысты, уый æвдисы (чиныг «Чи стæм æмæ кæцæй æрбацыдыстæм», 2018)[8].

Хæстон-стратегион цæстæнгасæй ацы регион тынг ахсджиаг у, æмæ уымæн уыцы ран цыдысты бирæ хæстытæ Зæххастæуы денджызы паддзахæдтæ æмæ Раззаг Азийы паддахæдты ’хсæн. Сомихы уæлвæзы ууылты саудæджер дæр цыдис Европæ æмæ Азийы ’хсæн, амæй цæгатырдæм цыдысты ахсджиаг фæндæгтæ Сау æмæ Къаспы денджызы былгæрæттыл æмæ Арвыкомы фæндагыл дæр.

Паддзахад Кæд уыдис
Аратта XXVII—XXII нæ э. агъоммæ æнустæ
Арманум XXII—XVIII нæ э. агъоммæ æнустæ
Арматана XVII—XVI нæ э. агъоммæ æнустæ
Хайаса XV—XIII нæ э. агъоммæ æнустæ
Наири XIII—IX нæ э. агъоммæ æнустæ
Урарту 850—580-тæ нæ эрæйы агъоммæ
Айрараты паддзахад 323—200 азты нæ эрæйы агъоммæ
Чысылдæр Сомих 323—115 нæ эрæйы агъоммæ
Софена III æнус—94 нæ эрæйы агъоммæ
Стыр Сомих 189 в. нæ эрæйы агъоммæ—428 в. н. э.
Марзпаны Сомих 428—645 азты
Сомихаг паддзахад 885—1045 азты
Васпураканы паддзахад 908—1021 азты
Хъарсы паддзахад 963—1064 азты
Ташир-Дзорагеты паддзахад 978—1118 азты
Сюникы паддзахад 987—1170 азты
Хачены кънйазад X—XVI æнусты
Ефратес XI æнус — 1117 азты
Эдессæйы кънйазад 1083—1098 азты
Кънйазад Мелитентæ 1071—1104 азты
Кънйазад Пир 1086/1097—1098/1100
Шах-Армен 1100—1207 азты
Закаридты Сомих 1199—1236 азты
Хамс 1603—1750-е азты
Эриваны ханад 1747—1828 азты
Нахичеваны ханад 1747—1828 азты
Фыццаг Сомихы Республикæ 1918—1920 азты
Сомихы Социалистон Советон Республикæ 1920—1922 азты
Сомихы Советон Социалистон Республикæ (Советон Цæдисы) 1936—1990 азты
Сомихы Республикæ (Советон Цæдисы) 1990—1991 азты
Сомихы Республикæ (хæдбар) 1991—ныры онг

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Leslie Aitcheson. A History of Metals. Vol. I, II, 1960
  2. David M. Lang. Armenia: Cradle of Civilization. London: George Allen & Unwin, 1970. 50-1, 58-59.
  3. Hovick Nersessian. Highlands of Armenia. Los Angeles, 1998
  4. Thomas V. Gamkrelidze and V. V. Ivanov. The Early History of Indo-European Languages. Scientific American, March 1990, P. 110
  5. J. Schmidth. Die Urheimat der Indogermanen und das europaische Zahlensystem. Weimar, 1890
  6. В. Илич-Свитич. Проблемы индоевропейского языкознания, М., 1964. С. 3-12
  7. В. Георгиев. Вопросы языкознания, 1975, № 5. С. 9
  8. Reich, David (2018). Who We Are and How We Got Here. Oxford University Press. ISBN 978-0-19-882125-0.