Перейти к содержанию

Алиев, Азер Илгар оглы

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Футбол
Азер Алиев
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Азер Илгары фырт Алиев
Райгуырдис 1994-æм азы 12 майы(1994-05-12)[1] (30 азы)
Æмбæстонад Уæрæсе Уæрæсе
Азербайджан Азербайджан
Ас 168 см
Уæз 62 кг
Позици галиу хъахъхъæнæг, галиу æрдæгхъахъхъæнæг
Клубы тыххæй информаци
Клуб Уæрæсе Уфа
Номыр 77
Клубон карьерæ
2012—2017 Уæрæсе Енисей 89 (6)
2013 Уæрæсе Сахалин 9 (5)
2017—2018 Уæрæсе Крылья Советов 39 (4)
2018—нырмæ Уæрæсе Уфа 40 (1)
2019 Уæрæсе Уфа-2 1 (0)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Азе́р Илгар оглы Али́ев (азерб. Azər İlqar oğlu Əliyev; райгуырдис 1994-æм азы 12 майы Безаклойы, Гуырдзыстон[2]) у уæрæсейаг футболист, футболон клуб «Уфа»-йы æрдæгхъахъхъæнæг.

Алиев у красноярскаг футболы хъомылгæнинаг. 9 азы йыл куы цыдис, уæд хъазынмæ æрбацыдис сывæлæтты спорты скъоламæ (ДЮСШ №2, Красноярск) æмæ дзы хъазыдис 16 азы онг, йæ тренер уыдис Алексей Лазаренко. Уый фæстæ æрыгон лæппу йæхи ссардта ФК «Енисей»-ы дублёрон сконды[3]. 2013-æм азы фæззæджы арендæмæ ацыдис дыккаг дивизионы клуб «Сахалин»-мæ, хорз равдыста дзы йæхи, бакъуырдта æхсæз пуртийы дæс хъазты.

2015-æм азæй хъазыдис «Енисей»-йы сæйраг сконды. Уыцы клубы тыххæй ахъазыдис 89 матчы, бакъуырдта 6 пуртийы.

2016-æм азы фехъусын кодта, Азербайджаны иугонд командæйы хъазын æй кæй фæнды, уый тыххæй. Футболистæн ис Азербайджаны граждандзинад, кæд æмæ Гуырдзыстоны райгуырдис, уæддæр[4]. Куыд ахицæн ацы фæндиаг, нæма бæрæг у.

2017-æм азы сæрды хъазынмæ рацыдис Самарæйы клуб «Крылья Советов»-мæ. Уыцы командæйы сконды йæ къухы бафтыд премьер-лигæмæ схизын, уыцы ахсджиаг сезоны дæргъы алы 38 матчы дæр хъазыдис Алиев. Командæйы ног статусы, премьер-лигæйы, ахъазыдис æрмæстдæр иунæг хъазт — 2018-æм азы 11 августы «Ростов»-ы ныхмæ[5]. Уыцы азы августы рацыдис ФК «Уфа»-мæ, уый дæр Уæрæсейы уæлдæр дивизионы архайы.

2020-æм азы 9 июлы Азер хъазыдис æнæхъæн матч, 90 минуты, клуб «Ростов»-ы ныхмæ. Журналисттæн куыд загъта, алы хатт дæр уымæ у цæттæ[6].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]