Дзæбидыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дзæбидыр
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Дæлпаддзахад:
Кладæ:
Дæлкълас:
Кладæ:
Инфрæкълас:
Къорд:
Кладæ:
Инфрæкъорд:
Дæлбинонад:
Хуыз:
Дзæбидыр
Æхсæнадæмон зонадон ном
Capra cylindricornis (Blyth, 1841)
Ареал
ныв

Дзæбидыр[1] (дыгур. дзæбодур, дзæбедур) кæнæ дагъистайнаг дзæбидыр[2][3][4][5] кæнæ скæсæнкавказаг дзæбидыр (лат. Capra cylindricornis) — хæххон цæуты мыггагæй тутсион цæрæгой.

Æттаг бакаст[ивын | Бындур ивын]

Скæсæнкавказаг дзæбидыр æттаг бакастæй у ныгуылæнкавказаг дзæбидыры хуызæн. Ис ын уый хуызæн массивон гуырыконд æмæ сæ асы бæрц дæр у кæрæдзимæ ’ввахс. Хицæндзинæдтæ зынынц скæсæнкавказаг дзæбидырæн йæ зачъетæ цыбырдæр кæй сты ныгуылæнкавказагæй, уый мидæг. Уымæй уæлдай ма йын ис стырдæр сытæ. Скæсæнкавказаг дзæбидырæн йæ сытæ æрдæгзылд нæ кæнынц, фæлæ спиралау здыхт сты, уымæй чысыл у пиренейаг сæгъы хуызæн. Нæлы сытæ дæргъæй свæййынц 1 метры бæрц æмæ дисы ’ппарынц фыццагæй дæр сæ стыр диаметры тыххæй. Мадæлты сытæ сты бирæ гыццылдæр, 30 см. дæргъæй фылдæр нæ ахæссынц. Скæсæнкавказаг нæл дзæбидырты дæргъ вæййы 130-150 см, сæ ас уæхсчыты 79-98 см, уæз — 55—100 кг. Мадæлтæ уæлæмæ срæзынц æрмæст 65-70 см уæхсчыты æмæ уæзæй та вæййынц 45—55 кг.

Йæ зымæгон хъуын арæхдæр вæййы æндæр æмæ æндæр фæлгъуызтæ — тар морæйæ æнгуызы хуызмæ, сæрдыгон хъуын та бирæ урсдæр вæййы сырх фæлгъуызимæ. Йæ быннаг фарс уæллагæй алкуыдæр вæййы цъус урсдæр.

Цæрæнбынат[ивын | Бындур ивын]

Ацы хуызы ареал у скæсæн Кавказы Уæрæсейы, Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны территоритыл. Куыд йæ ныгуылæн хæстæг, афтæ скæсæнкавказаг дзæбидырты популяци дæр XIX æнусы бирæ фæкъаддæр ис. Йæ аххосаг у æнæконтролог цуан. Кæцыдæр регионты уæддæр ацы сырдты нымæц ногæй сбирæ ис хъахъхъæнынады эффективон архæйдты руаджы. Скæсæнкавказаг дзæбидырты иумæйаг нымæц Сырх чиныгмæ МСОП-мæ гæсгæ у 10 мин дзæбидыры бæрц, дæлхуыз (МСОП-ы фыст у куыд хуыз Capra cylindricornis).

Уагахаст[ивын | Бындур ивын]

Скæсæнкавказаг дзæбидыртæ цæрынц къæдзæхджын рæгътыл 800-йæ 4200-ы метры онг денджызы æмвæзæй уæлдæр бæрзæндыл. Уым сын ис фембæлæн куыд фæзтыл, афтæ дурджын рæтты дæр, уымæй уæлдай ма хъæды. Иннæ хæххон сæгъты хуызæн адон дæр иттæг хорз сты хæхтыл бырынмæ. Сæрды сæ арæхдæр фенæн ис ноджы уæлдæр бынæтты, зымæгон периодмæ абаргæ. Фæзззæджы ацы сырдтæ миграци кæнынц 1500-2000 километрмæ ввахс бындæр бынæттæм. Зымæджы скæсæнкавказаг дзæбидыртæ сæ рæстæг фылдæр æрвитынц гом, хурæйдзаг рæгътыл, сæрды та уарзынц аууондæр бынæттæ. Сæ хæрд у кæрдæгæй æмæ сыфтæрæй конд, фæстæгтæн уæлдай нысаниуæг вæййы зымæджы, сæрды та фылдæр кæрдæг фæхæрынц. Скæсæнкавказзаг дзæбидыртæ рæстæгæй рæстæгмæ скæнынц стыр дзугтæ, кæддæрты-иу дзы фендæуыд цалдæр сæдæ дзæбидырæй фылдæр. Стабилон гыццыл къордтæ, стыр дзугтæ кæдонæй рауайы, арæзтæуынц 10-12 сырдæй. Æмкъайады рæстæджы, уый ’рхауы ноябрь-январьмæ, иунæг нæлтæ ахæм къордтæм фæцæуынц мадæлты агурæг. Нæлты ’хсæн мадæлты тыххæй хъуыддаг арæх æрхауы карз тохы онг. Фæстæгтæ 150 бон вæййынц сывæрджын, уый фæстæ ныййарынц иу сæгуыты, стæм хатт дыууæйы.

Нывуат[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгъойты Т.Ф. Ирон-уырыссаг экологон дзырдуат. Дыккаг чиныг. Цæрæгойты нæмтты уырыссаг-ирон дзырдуат. — Дзæуджыхъæу 2017. — 558 ф.
  2. Банников, Андрей Григорьевич, Флинт В. Е. Отряд Парнокопытные (Artiodactyla) // Жизнь животных. Том 7. Млекопитающие / под ред. В. Е. Соколова. — 2-е изд. — М.: Просвещение, 1989. — С. 502—503. — 558 с. — ISBN 5-09-001434-5
  3. Бобринский Н. А., Кузнецов Б. А., Кузякин А. П. Определитель млекопитающих СССР / под ред. проф. А. П. Кузякина. — М.: Просвещение, 1965. — С. 230. — 384 с.
  4. Павлинов И. Я. Краткий определитель наземных зверей России Архивгонд æрцыдис 29 мартъийы 2017 азы.. — М.: Издательство МГУ, 2002. — С. 157. — 167 с.
  5. Соколов В. Е. Фауна мира: Млекопитающие: Справочник. — М.: Агропромиздат, 1990. — С. 162. — 254 с. — ISBN 5-10-001036-3

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Ronald M. Nowak: Walker’s Mammals of the World. Johns Hopkins University Press, 1999 ISBN 0-8018-5789-9(англ.)
  • Macdonald D.: Die Große Enzyklopädie der Säugetiere. Könemann Verlag in der Tandem Verlag GmbH, Königswinter, 2004.(нем.)

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]