Щипс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ссадæй щипс соусы хуызы

Щипс (щипси, щыпсы) — черкесаг адæмты национ хæринаг, ивгæ-ивæнты вæййы бæзджын хъæрмхуыпп, лывзæ кæнæ соусы хуызы, цæмæйты арæзт у, уымæ гæсгæ. Черкесаг хæлцадон культурæйы щипс нымад цæуы сæйраг этнонысангæнæг хæринагыл[1][2].

Æнæмæнг æй цæттæ кæнынц бæрæгбойнон æмæ ритуалон кæнды, æмæ куыд ахадгæдæр сты, уымæ гæсгæ вæййы æмæ сæрмагонд адæмы дæр æрбахонынц, сæ хынцмæ гæсгæ щипс фыцыны дæсныйад иттæг хорз чи банкъардта, ахæмты. Фæлæ уымæй уæлдай хойраг у æрвылбойнон хæдзарон хæлцады иуæг, æмæ алы ’фсин æй кæнын куыд зоны, афтæ йæм йæхи цавæрдæр бавæртæнтæ дæр бахæссы, æмæ хæдзарæй-хæдзармæ хæдхуыз хæссы.

Йæ номæй дæр бæрæг у, щипс тæнгъæдджын хæринаг кæй у, уымæн æмæ адыгаг æвзæгты «-пс» хойраджы сконды уæвæг донмæ амоны. Щипс вæййы куыд дзидзаджын, афтæ халсарджын æмæ суанг æхсыры бындурыл дæр. Йæ сæйраг хуызтæ ахæмтæ сты:

  • Лыщипс — дзидзаджын, ссад æмæ лæгурæгимæ;
  • Тхачетщипс — гогызæй;
  • Чэтщэтэщипс — каркæй;
  • Джэнчищипс — хъæдуримæ цурæнæфтыдæй;
  • Дженчипс — æхсырæй хъæрмхуыпп хъæдурæфтыдæй;
  • Картофщипс — картофæй;
  • Кабщипс (кэбщипс) — насæй;
  • Щхущипс — туагæхсырджын[3].

Уыимæ æппæт хуызтæй сæйрагдæрыл нымад цæуы дзидзайы басыл конд щипс. Уый дæр хуызтæй дих кæны дыууæйыл; бжедухаг æмæ кабардинагыл (суанг ма хъæуты нæмттæм гæсгæ ма сæ хонынц — кошехаблаг æмæ уляпаг).

Бжедухаг цæттæ кæнынц æрмгуыройæ ссад еууæй, æфтауынц æм ссад æмæ сырх цывзы. Уымæ гæсгæ уайы тар, бæзджын æмæ нуарджын. Кæсгон та цæттæ кæнынц æрмæст ссадæй, æнæ еууæй. Иумæйагæй щипсты сæйрагдæр — дзидзаджы щипсы арæхдæр æмбæлынц ахæм ингридиенттæ: дзидза, бас (фысы кæнæ стуры), лæхурæг (еуу, нартхор кæнæ мæнæуы ссад), сырх кæрддзæмджын цывзы, хъæдындзы цурæнтæ, цæхх. Цæттæ хойраджы бæзджын хъуамæ уа маннæйы касы кæнæ цымгæйы хуызæн.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]