Сомихы æрдзы паддзахадон музей

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сомихы æрдзы паддзахадон музей

Сомихы æрдзы паддзахадон музей (сом. Հայաստանի բնության պետական թանգարան) у музей Ереваны.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Æрдзонзонадон музей сфæлдыстæауыд 1952-æм азы раздæр зонадон атеизмы музей кæм уæвыд, уыцы бæстыхайы. Йæ нырыккон ном та райста 1960-æм азы.[1].

1999-æм азы аивта ног бæстыхаймæ (72-æм скъолайы раздæры бынатмæ). 2000-æм азмæ Агаронян Левон æмæ Беллæйы мысайнаджы хъæстæ фæуæвгæ бæстыхайы реставраци сцырын, æмæ 2004-æм азы байгом сæйраг экспозици[2].

Экспозици[ивын | Бындур ивын]

Музейы фондты ис 6 мин экспонатæй фылдæр. Коллекци æвдисы Сомихы æрдзы хицæндзинæдтæ. Ис дзы æхсырæйхæссджыты, мæргъты, рептилиты, донзæххонты, кæсгуыты, уырынгонты, хæлуарджыты быдыргътæ. Фонды сконды стæгдартæ, цæрмттæ, моллюсктæ. Гербарийтæ, рагзайæгойты æмæ сырдты къахæнтæ, минералты хуызæ, нывтæ, къамтæ.[1][2].

Фонды скондмæ бацыдысты Агаронянты бинонты сæрмагонд коллекци, стæй моллюскты коллекци — уый музейæн балæвар кодта сомихаг уидæгтимæ уругвайаг филантроп Педро Гайфеджаян[3].

Музейы нысæнттæ[ивын | Бындур ивын]

Музейы нысæнттæ фидаргон æрцыдысты 2003-æм азы 27-æм февралы. Уыдон сты экологон хъомылад æмæ зонад тауын. Уыдоны сæраппонд уагдон æххæст кæны ахæм мадзæлттæ:

  • цæрæн къуымты æмæ мини-музейты авивадон фæлыст;
  • равдыстыты организаци;
  • хъæддаг сырдты рауагъд æмæ сæ фæстæмæ æрдзмæ раздæхт;
  • музейон равдыстытæн декоративон зайæгойты культиваци[4].

Библиотекæ[ивын | Бындур ивын]

Музейы сконды архайы библиотекæ, уыцы сæрмагонд фонд нымадæуы 1726 иуæгæй. Литературæйы 90% сты æрдз æмæ æрдзимæ баст фæзындты тыххæй[5].

Филиалтæ[ивын | Бындур ивын]

Музийы филиалтæ ис Гюмрийы æмæ Гукасаваны[2].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Հայաստանի բնության պետական թանգարան(сом.)(недоступная ссылка). EnfoldTravel. Датæ: 2020-æм азы 30 октябры. Архив 2021-æм азы 23 июны.
  2. 2,0 2,1 2,2 Երեւանում վերաբացվեց ՀՀ բնության պետական թանգարանը, 05.11.2004.
  3. Մեր բարերարները(сом.)(недоступная ссылка). Հայաստանի բնության պետական թանգարան. Датæ: 2020-æм азы 30 октябры. Архив 2020-æм азы 27 октябры.
  4. ՀՀ կառավարության Որոշում, 10 հոկտեմբերի 2002 թվականի N 1638-Ն(сом.). Arlis.
  5. Գրադարան(сом.)(недоступная ссылка). Հայաստանի բնության պետական թանգարան. Датæ: 2020-æм азы 30 октябры. Архив 2020-æм азы 24 октябры.