Перейти к содержанию

Триалеты петроглифтæ

41°35′10″ с. ш. 43°58′38″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Триалетаг петроглифтæй иуæй-иутæ

Триалеты петроглифтæ (гуырдз. თრიალეთის პეტროგლიფები) — разисторион къæдзæхылконд нывæфтыд гуырдзиаг историон бæстæ Триалеты, Цъалкъайы муниципалитеты территорийыл. Се сфæлдыст алыхуызон историон периодтæм æрхаудта, мезолитæй райдай æмæ астæуккаг бронзæйы æнусæй фæуы. Петроглифтæ конд сты геометрион, зооморфон æмæ антроморфон нывтæй. Триалетаг петроглифтæ нымад сты Гуырдзыстоны культурон бынты цыртыл æмæ культурон маршрут «Незаманон къæдзæхаивады фæдтæ»-н йæ хайæ нысангонд æрцыдысты Европæйы Советы уынаффæмæ гæсгæ[1].

Триалетаг петроглифтæ æвæрд сты Цъалкъайы сахарæй 12 км фалдæр скæсæнмæ, Авдрис-Цкалийы цæугæдоны нарæг комы æмæ Патара-Храмийы, Кцияйы цæугæдоны рахиз фæрсагдон, Гантиадийы хъугæрон (раздæры Тикилиса) Дæллаг Картлийы бæстæйы, уый та историйы зындгонд у куыд «Триалет». Æргомгонд æрыдысты 1880-æм азты стæй уæгъды фæлварæнты серийы фæстæ-та цæ ногæй ссардтой 1976 азы. Триалетаг петроглифтæ сты айдагъ хуызæгтæ ахæм разисторион къæдзæхылконд аивадæй, Гурдзыйы территорийыл кæцы ссардæуыд. Мгвимевийы лæгæты Имереты æмæ Агцæйы Абхазы нывæфтыд æрхъæцыди хуымæтæг геометрион мотивтæй. Триалетаг петроглифтимæ хайæн хæлд тæссаг у[2].

Триалетаг петроглифтæм ахаст дарынц 100 нывмæ ’ввахс, æхсæз æмвæзыл къордгонд æмæ 50-метры тъæпæн базальтон уæлцъарыл лыгконд сты. Се ’хсæн æппæты арæх сты бынæттон цæрæгойты нывтæ: сагтæ, бæхтæ, дзæбидыртæ, мæргътæ æмæ кæсæгтæ. Уымæй уæлдай ма, фæлгондзыд сты фантастикон æмæ гибридон уæвæгтæ. Нывæфтыдтæ схематикон сты, цæрæгойтæ фæлгонцконд сты фæрсырдыгæй, бæрæг æлементтыл акцентимæ, зæгъм сыкъатæ. Иу сценæйы нывгонд у мадæл саг, йæ лæппынæн хæринаг даргæйæ. Æндæр бынæтты фæлгонцконд сты цуаноны ахсæнхызы цы цæрæгойтæ стыхстысты уыдон. Адæймаджы сурæттæ сты цуанонтæ æд фат æмæ æрдынтæ, цæрæгойтимæ абаргæйæ æнахуыр къаннæг (асмæ 2,5 см 18-20 см æмæ фылдæр 1-2 мм уæрхмæ стæй нывæфтауыны арфмæ). Цуанонтæ нывгонд сты разæй æмæ цæрæгойтæй фылдæр схематикон хъуыдымæ гæсгæ. Фигурæтæ æнæзмæлгæ сты, галиу къухты цуанæтты хæцæнгарз дарынц. Геометрион фигурæтæ сты дзуæрттæ, шахмæткæтæ æмæ хуры тынтæ[3].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ancient rock carvings in Georgia become part of European trail, Agenda.ge, 27 November 2017. Фæстаг фенд 19 January 2020.
  2. Gabunia Manana, Gabashvili Mariam. Trialeti Petroglyphs – Under Destruction. — Т. 5.
  3. Antonio Sagona. The Archaeology of the Caucasus: From Earliest Settlements to the Iron Age. — ISBN 9781139061254.