Аксаут (цæугæдон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Аксаут
Аксауы цæугæдон
Аксауы цæугæдон
Характеристикæ
Дæргъ 60 км
Бассейны фæзуат 843 км²
Бассейн Чысыл ЗеленчукХъобанАзовы денджыз
Доны хардз 27 м³/с
Цæугæдоны цыд
Гуырæн
 · Гуырæны бынат Хъæрæсе-Черкес
Донæфтæн Хъобан
 · Бынат Карачаевск
 · Бæрзæнд 65 км рахиз доны былыл м
Ран
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Регион Хъæрæсе-Черкес
Аксаут (цæугæдон) (Хъæрæсе-Черкес)
гуырæн
донæфтæн

Аксаут (Хасаут, хъæр.-балхъ. Схауат) у гуылфæг, донарæх, хæххон цæугæдон. Цæуы Стыр хохы (Кавказы сæйраг рагъы) цæгатаг фахсыл, у Чысыл Зеленчукы галиу донгуырæн. Уæвы Хъæрæсе-Черкесы территорийыл.

Географи[ивын | Бындур ивын]

Аксаут у Хъæрæсе-Черкесы территорийыл цы иуыл донарæх цæугæудæттæ цæуы, уыдонæй иу. Райдайы Хасауты ихдонæй æмæ Марухæйы цæугæдонимæ куы баиу вæййы, уæд дзы сæвзæры Чысыл Зеленчук. Цæугæдоны дæргъ у 77 км, йæ донæмбырдгæнæн бассейны фæзуат та у 843 км²[1]

Аксаут ратæдзы хуссарæй цæгатмæ бæрзонд хæххон рæгъты Мысты-Баши ’мæ Аксауты ’хсæн цы фæз цæуы, ууыл. Уыцы рæгъы хицæн хæйттæн ис сæхи алыгъуызон нæмттæ: Гитче-Тебердайаг, Ак, Бадукъаг, Хаджибейаг, Кыныр-Чат, Гидамаг æмæ иннæтæ. Æмткай фæзтыл æмæ кæмттыл кæцы дих кæны, уыцы хæххон рæгъты стыр баст, схонæн ис Аксаут-Тебердайаг. Йæ системæйы ис æртæ ’фцæджы: Алибек, Гитче-Теберда, Æвдай æртæййы, Хутый, Бадук, Муху æмæ æнд.

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Тюркаг æвзагæй тæлмацы «Ак суат» (тюркаг æвзагыл Аксауты цæугæдон афтæ хуыйны) нысан кæны «урс (сыгъдæг) дон, бæхтæн дон кæм бадарынц». Хъæрæсейаг æвзагæй тæлмацы Аксаут нысан кæны: «Ак» — «урс», «Саут (Сауут)» — «згъæр», «згъæрхæдон»; ома «Урс згъæр (згъæрхæдон)».[2]

Аксауты ком[ивын | Бындур ивын]

Аксаут у Хъæрæсе-Черкесы тæкккæ рæсугъддæр бынæттæй сæ иу, уæвы Аксауты комы. Иуыл уæлхох бынат Ныгуылæн Кавказы, парахат кæны Эльбрусы онг, райдайы Стыр хохы фадыгæй, уымæ ’нгом лæууынц Марухы, Аксауты æмæ Чхалты кæмттæ.

Рагон заманæй адæм сæхицæн цæрæнбынæттæ кодтой уыцы дзæнæттон раны. Аксауты комы фыццаг хъæуты бындурæвæрджытæ уыдысты бердзенæгтæ - Туркæй æрцæуæккæгтæ. Ныр уыдон цæрынц Хасаут-Греческоейы хъæуы, уый парахатæй æрбынат кодта Аксауты донбылыл.

Кæмттыл æвæрд ис фæндæгтæ, фæлæ Марухыл хъæууат æрмæст бынæй ис. Аксауты фæстаг кæройнаг хъæууат у Рудничий (ныр бынтон адзæрæг сси), æрбынат кодта доны сæр. Аксауты ком зынгнонд у цæрынгæнæг ратæдзæнтæй, уыдон сты йæ территорийыл, сæрмагондæй Тулдзон Балкы хъæуы территорийыл. Уым гуылф кæны суадон, дон дзы бирæ мæйты дæргъы не ’взæр кæны. Бынæттон цæрджытæ куыд дзурынц уымæ гæсгæ, уый у «удæгас дон».

Фендтæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Аксауты галиу доны былыл, Хасаут-Греческоейы хъæуæй 10-12 км дæрддзæф уæвы, зæгъæн ис, æмæ квадратон мæсыг (6 x 6,3 м), конд у лæгъз дурæй чъыры таддагыл. Къулты бæзн — 1,4 м. Цæгатаг къул у 1,6 км бæрзонд.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Аксаут, составляющая р. Малый Зеленчук. sur-base.ru. Датæ: 2014-æм азы 17 майы.
  2. Путеводитель по Теберде. ГОРЫ И ЛЮДИ. Словарь-указатель местных названий. www.kmvline.ru. Датæ: 2020-æм азы 25 мартъийы.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]