Магометов, Александр Амары фырт
Александр Амары фырт Магометов | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1917 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2004-æм азы 17 июны |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Зонадон разамонæг | Чикобава, Арнольд Степаны фырт |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Александр Амары фырт Магометов (уырыс. Абдулмаджид Омарович Магомедов, дарг. Гӏямарла урши Гӏябдулмажид; райгуырдис Кубачийы 1917-æм азы — амардис 2004-æм азы 17 июны Тбилисы) у Гуырдзыстоны лингвист, даргинаг æмæ лекъаг æвзæгты специалист, кавказзонынады истори иртасæг. Йæ адæмыхаттмæ гæсгæ у даргинаг.
Магометов у филологон зонæдты доктор (1965), профессор, Дагъистан æмæ Гуырдзыстоны зонады сгуыхт кусæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Суинаг ахуыргонд райгуырдис Кубачийы, ныртæккæ у Дагъистаны Дахадаевы районы, фæлæ йæ царды фылдæр хай цардис Гуырдзыстоны.
Йæ ахуырмæ гæсгæ инженер, 1940-æм азы каст фæцис Гуырдзыстоны индустрион институт. Кусын райдыдта Воронежы, хæдтæхджытæ чи уагъта, уыцы заводы; Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг йæ куыстуатимæ ацыдис Хъазанмæ. Хæсты фæстæ йæ цард раивта Арнольд Чикобаваимæ фембæлд, кæцы Магометовмæ хонæг арвыста, Тбилисы уæд цы Æвзагзонынады ног институт байгом кодта, уырдæм. 1945—48 азты ахуыр кодта институты аспирантурæйы, 1948-æм азы бахъахъхъæдта гуыбецаг æвзаджы тыххæй филологон зонæдты кандидаты диссертаци. 1948-æм азæй куыста «хæххон ибериаг-кавказаг æвзæгты» хайады уыцы институты, 1968-æм азæй ма ахуыр кодта кавказаг æвзæгты кафедрæйы студентты Тбилисы паддзахадон университеты.
1950-æм — 1960-æм азты куыста кæрæдзимæ хæстæг лекъаг æвзæгтæ — табасарайнаг æмæ агъулаг — сфыссыныл. Сæ дыууæйы тыххæй дæр рухс федтой фундаменталон монографитæ, ис дзы тексттæ алыхуызон диалекттыл. Табасарайнаг æвзаджы афыст Александр Магометов бахъахъхъæдта куыд докторы диссертаци (1965). Уый йеддæмæ бацæттæ кодта П. К. Услары табасарайнаг æвзаджы грамматикæ æмæ йæ рауагъта джыппæй 1979-æм азы йæхи фиппаинæгтæ æмæ уæлæмхасæнтимæ. Уыцы иу аз А. А. Магометов рауагъта Услары цардафыст дæр.
Ахуыргонды хо Манаба Магомедова сси зындгонд згъæрыл нывгæнæг.
Ахуыргонды сæйраг куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Магометов А. А. Кубачинский язык: Исследование и тексты. Тбилиси, 1963.
- Магометов А. А. Табасаранский язык: Исследование и тексты. Тбилиси, 1965.
- Магометов А. А. Агульский язык: Исследование и тексты. Тбилиси, 1970.
- Магометов А. А. П. К. Услар — исследователь дагестанских языков. Махачкала, 1979.
- Магометов А. А. Мегебский диалект даргинского языка: Исследование и тексты. Тбилиси, 1982.
Йæ царды тыххæй
[ивын | Бындур ивын]- Сулейманов Н. Дж. Александр Амарович Магометов (1917—2004) // Проблемы общего и дагестанского языкознания. Вып. 2. Махачкала, 2004.
- Страницы, использующие расширение JsonConfig
- 1917-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Кубачийы чи райгуырдис, уыдон
- 17 июны чи амардис, уыдон
- 2004-æм азы чи амардис, уыдон
- Тбилисы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ахуыргæндтæ алфавитмæ гæсгæ
- Лингвисттæ алфавитмæ гæсгæ
- Советон Цæдисы лингвисттæ
- Гуырдзыстоны лингвисттæ
- XX æнусы лингвисттæ
- Кавказзонджытæ
- Филологон зонæдты доктортæ