Лазаревты скæсæйнаг æвзæгты институт
Ла́заревты скæсæйнаг æвзæгты институт (уырыс. Лазаревский институт восточных языков) уыд уæлдæр ахуырады ахуыргæндон Мæскуыйы, кæцы райрæзтис сомихаг ахуырдонæй (сом. Լազարյան ճեմարան), йæ ном бирæ хатты ивта æмæ 1927-æм азы бацыдис Мæскуыйы скæсæнзонынады институты скондмæ.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Амалхъом сомихæгты Лазаревты мыггаджы фæндыдис сомихаг сывæллæттæн училище скæнын 1791-æм азæй. 1814-æм азы байдыдтой суинаг училищейы бæстыхай аразын.
1848-æм азмæ Лазаревты институты сконды уыд æхсæз хæдзары æмæ стыр дыргъдон.
Бæстыхæйттæ
[ивын | Бындур ивын]Институты бæстыхæйттæ арæзт æрцыдысты, 1758-æм азы ма цы зæххы гæппæл балхæдта Л. Н. Лазарев, ууыл. Сæрйга бæстыхай арæзтой крепостнойтæ И. М. Подьячев æмæ Простаковтæ.
1828-æм азы Лазаревтæ балхæдтой иннæ хæдзар институты цур, уым æрбынат кодта институты типографи[1]. 1830-æм азты уый нымад уыдис Мæскуйы хуыздæр типографитæй иуыл, мыхуырæй дзы цыдысты 13 æвзагыл ахуыры чингуытæ æмæ монографитæ, 1836-æм азы рацыдис «Сомихаг-уырыссаг дзырдуат». 1859-æм азæй типографимæ арендæмæ цыдис (Н. О. Эмин, 1863-æм азæй А. И. Мамонтов)[2].
Зындгонд ахуыргæнджытæ
[ивын | Бындур ивын]Е. Л. Лазарев 1811-æм азы ма расидта сомихаг мхитаристты æхсæнадмæ Венецимæ, цæмæй ын раттой хорз ахуыргæнджытæ суинаг ахуыргæнæндонмæ. Институты фыццаг азтæй куыстой дзы тынг хорз педагогтæ, уыдоны ’хсæн фæсарæйнаг дæр.
- Бабст Иван Кондратийы фырт — директор (1864—1868)
- Аламдарян Арутюн Манучы фырт — фыццаг ректор (1815—1821), ахуыргæнæг
- Веселовский Алексей Николайы фырт — уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг сæрмагонд кълæсты (1881-æм азæй)
- Гордлевский Владимир Александры фырт — туркаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг (1907-æм азæй)
- Зиновьев Алексей Зиновийы фырт — уырыссаг æвзаджы профессор
- Крымский Агафангел Ефимы фырт — пысылмæтты историйы профессор (Лазаревты институты рауагъдон)
- Лазарев Лазарь Эммануилы фырт — туркаг-тæтæйраг æмæ персайнаг æвзæгты профессор
- Лакиер Николай Николайы фырт — нывгæнынады ахуыргæнæг
- Лебедев Иван Дмитрийы фырт — истори æмæ географийы ахуыргæнæг (1854—1864)
- Миллер Всеволод Фёдоры фырт — директор (1897—1911)
- Мсерианц Левон Зармайры фырт
- Налбандян, Микаэл Лазары фырт — сомихаг æвзаджы ахуыргæнæг (1854 азы онг)
- Неверов Януарий Михайлы фырт — директор (1861—1862)
- Носков Михаил Александры фырт — уырыссаг æвзаджы профессор (1859—1862)
- Попов Андрей Николайы фырт — историйы экстраординарон профессор
- Харузин Николай Николайы фырт — этнографийы ахуыргæнæг (1893-æм азæй)
- Хаханты Соломоны фырт Александр — гуырдзиаг æвзаджы профессор
- Холмогоров Иван Николаевич — персайнаг æвзаджы ахуыргæнæг (1880-æм азæй)
- Эмин Мкртич — сомихаг æвзаджы профессор (Лазаревты институты рауагъдон), директор (1855—1866), сæргълæууæг (1871—1881)
Ныры уавæр
[ивын | Бындур ивын]Ныртæккæ институты хæдзары ис Сомихы Республикæйы минæвæрад Уæрæсейы, уым дæр кусы сомихаг хуыцаубойнон скъола «Верацнунд» («Возрождение», 1988 азæй).
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Лазаревский институт восточных языков в Москве // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1890—1907.
- Лазаревский институт восточных языков // Большая советская энциклопедия : [в 30 т.] / гл. ред. А. М. Прохоров. — 3-е изд. — М. : Советская энциклопедия, 1969—1978.
- Амирханян А. Т. Армянский переулок, 2. — М.: Московский рабочий, 1989. — 62 с. — (Биография московского дома). — 60 000 экз. — ISBN 5-239-00173-1.
- Амирханян А. Т. Тайны дома Лазаревых. — М., 1992. — ISBN 5-86564-028-3.
- Зиновьев А. Исторический очерк Лазаревского института восточных языков. — 2-е изд., доп. — М.: тип. Лазаревск. ин-та вост. яз, 1863. — 149 с., 8 л. портр. (соврем. изд.: М., 1963).
- Ананян Ж. А. Лазаревский институт восточных языков в первой половине XIX века Պատմա-բանասիրական հանդես. 1998. — № 1-2. — С. 63—74. — ISSN 0135—0536.
- Кананов Г. И. Очерк пятидесятилетней деятельности Лазаревского института восточных языков. — М., 1865.
- Кананов Г. И. Семидесятипятилетие Лазаревского института восточных языков. 1815—1890. — М.: Типография А. А. Гатцука, 1891. — 256 с.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Долгова. С. Дом учёности в Армянском переулке // Наука и жизнь, 2005, № 8.
- Алиев А. Лазаревский институт // Московский литератор, 2007. — № 1.
- Храм святителя Николая Чудотворца в Столпах.
- Московский армянский Лазаревых институт восточных языков
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Белый город // Памятники архитектуры Москвы. — М.: Искусство, 1989. — С. 256. — 380 с. — 50 000 экз.
- ↑ Амирханян А. Т. Армянский переулок, 2. — М.: Московский рабочий, 1989. — 62 с. — (Биография московского дома). — 60 000 экз. — ISBN 5-239-00173-1.