Безенги (альплагерь)
Безенги — альпинистон ахуырадон-спортивон базæ Безенгийы комы Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæны.
Лагеры æвæрд
[ивын | Бындур ивын]Альплагерь «Безенги» æрбынат кодта Цæрæчы районы 2.200 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр. Базæ дыууæ комы хæрхæмбæлд кæм фæвæййынц, уым æрбынат кодта. Кæмттæ кæнынц Цæгатаг массивмæ æмæ хъуыстгонд Безенгийы къулмæ, орографионæй рахизырдыгæй бафтынц Безенгийы цъитимæ (йе ’взагæй гыццыл дæлдæр), цъупп Брнойы дæлфæдды цурмæ. Денджызы æмвæзæй ацы ран уæлдæр у 2500 метры.
Куысты уаг æмæ равг
[ивын | Бындур ивын]Майæ сентябры онг лагерь бабæрæг кæнынц 1,500 адæймаджы — хæхты активон улæфты фарсласджытæ, альпинисттæ.
«Безенги» нымад у Уæрæсейы хуыздæр альпинистон ахуырадон-спортивон базæты рæнхъы. Ам ацæуынц альпинистон дисциплинæтæй алыгъуызон ерыстæ,чемпионаттæ. Спортсментæ базæ бауарзтой уымæн, æмæ ардыгæй æнцон у къахбавæрæнтæ скæнын Безенгийы къулмæ (Стыр хохы тæккæ бæрзонддæр хай — айтыгъдæуыд 13 километры бæрц). Уымæй уæлдай йæ алфæмблæйтты сты Кавказы аст 5-минон цъуппытæй æхсæз; Дыхтау (5204 м.), Коштантау (5152 м.), Мижирги (5025 м.), Шхарæ (5182 м.), Пушкины цъупп (5100 м.) æмæ Джангитау (5058 м.). 2007-æм азæй Уæрæсейы альпинизмы федераци ам саразы æрвылазон централон скъола инструктор-методисттæ цæттæгæнынæн.
Лагеры тыххæй
[ивын | Бындур ивын]Альпинистон лагерь Безенги сарæздæуыд 1959-æм азы [1]. Ныры рæстæг дзы ис хæрæндон, дукани, цалдæр кафейы, абана, коттеджтæ æмæ хъæдын хæдзаргæндтæ, цатыртæ æвæрæн бынат. Уымæй уæлдай ма альплагеры ис этнографион хайад дæр. Ис дзы цалдæр хохаг хæдзары æмæ дыууæ мæсыджы — арæзт сты рагбалхъайрæгты æнгæс. Мæсгуытæй иу музейы функцитæ æххæст кæны. Мидæгæй дзы ис куыд этнографион æрмæджытæ, фылдæр балхъайрæгты мигæнæнтæ, афтæ картæтæ, хæххон маршрутты афыстытæ, сæрмагонд уæлæдарæс æмæ зæронд чингуытæ — æдæппæтæй сæдæгай равдисинаг экспонаттæ.
Ам ис чысыл библиотекæ. Ис дзы 19-томон «Живописная Россия», рауагъдæуыд 1883-æм азы. Ай та мæнæ альпинизмы тыххæй фыццаг чиныг «Уæлвонг хæхтæм схизынад» — 1870-æм аз. Ай та мæнæ Решфельд, фыццаг схизæг чи уыд ацы рæттæм. Уæдæй нырмæ уыцы хохмæ бирæтæ цæуынц[2]. Уæрæсейы альпинистты цæдисы Безенгийы куратор Алексей Слотюк |
Алфæмбылæйтты
[ивын | Бындур ивын]Лагеры алыварсты сты Кæсæг-Балхъары тæккæ бæрзонддæр æхсæрдзæнтæ дæр.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ https://risk.ru/blog/216795 «БЕЗЕНГИ: ОГЛЯДЫВАЯСЬ НА ВСЕ 60»
- ↑ https://tass.ru/obschestvo/6826475 60-летний юбилей альплагеря «Безенги»
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Картæйы сыф K-38-27 Уæллаг Балхъар. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1984-æм азы. Рауагъд 1988-æм азы.